Telegram Web
Весеннийы уынджы цы лӕгмӕрдтӕ ӕрцыд, уым аирвӕзӕг чызг цӕрдзӕн йӕ мады цӕгатимӕ

🔻Йӕ мады лӕджы къухтӕй хъыгдардбаййафӕг 15-аздзыд Миланӕ (йе 'цӕг ном нӕу), ныры онг рынчындоны ис. Йӕхимӕ ӕрцыд, йӕ цардӕн тӕссаг нӕу.

💬 «Хӕстӕджытимӕ аныхас кодтам ӕмӕ зианы хъуыддӕгты фӕстӕ райдайдзыстӕм, цӕмӕй мады цӕгаты ӕвджид уа, уымӕн гӕххӕттытӕ ӕмбырд кӕнын. Алы хуызы йын ӕххуыс кӕндзыстӕм», — радзырдта «Сапӕ»-йӕн, кӕй амардтой, уыцы сылгоймаджы ӕфсымӕр Мариф Сулейманов.

9-аздзыд лӕппу та ныртӕккӕ ис инвалид-сывӕллӕттӕн сӕрмагонд уагдоны. Йӕ цӕст ӕм чи дардзӕн, уый нырма бӕрӕг нӕу.

💬 «Нӕлгоймагӕн фыццаг бинонтӕй чызг ис, фӕлӕ лӕппуйы йӕхимӕ райсыныл не сразы. Нӕлгоймаджы хӕстӕджытӕ дӕр афтӕ. Цы йын кӕнон, уый мӕхӕдӕг дӕр нӕ зонын. Рынчын сывӕллонмӕ кӕсыны фадат мын нӕй. Дард хъӕуы цӕрӕм ӕмӕ дзы хъӕугӕ медицинон уагдӕттӕ нӕй. Лӕппуйӕн та арӕх йӕ буар ӕлхынцъытӕ фӕкӕны. Мӕ хо дӕр бирӕ азты уымӕн нӕ куыста, сывӕллонмӕ касти», — радзырдта нын Мариф.

➡️ «Сапӕ» куыд фыста, афтӕмӕй 7 июлы Весеннийы уынджы цӕрӕг 58-аздзыд нӕлгоймаг кардӕй амардта йе 'мкъайы ӕмæ уымæн йæ чызджытӕй иуы. Кард систа 15-аздзыд чызгмæ дӕр, фӕлӕ аирвӕзт. Уый фӕстӕ нӕлгоймаг йӕхи марынвӕнд скодта, ныртӕккӕ ис рынчындоны.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
🤯1😱1🤬1😡1
Абоны цаутыл афӕлгӕсгӕйӕ, уӕ цӕст цавӕр ныхӕстыл ӕрхӕцыд?

➡️ Ацы изӕр уӕ зонгӕ кӕнӕм ног дзырдимӕ — давд.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
2🐳1💯1🤓1
Алы райсом пайдаимӕ!

📆 Кӕд цард чиныг у, уӕд йӕ бонтӕ — сыфтӕ. Чиныджы сыфтыл та ӕмбисӕндтӕ дӕр вӕййы.

#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
#ӕмбисонд
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
🥴2🔥1😁1🤗1
Хӕцӕнгарзы макеттӕ балхӕнынӕн Цӕгат Ирыстоны радих кодтой 11 милуан сомы

🔻Республикӕйы ахуырады министрад сӕ дыууӕ ӕлхӕдӕн бакодта. Макеттӕ фӕхӕццӕ кӕндзысты регионон проект «Все лучшее детям» ӕмӕ национ проект «Молодежь и дети»-йы фæлгæты, фыст ис гӕххӕттыты. Ӕхца та радих кӕндзысты республикӕйы бюджетӕй.

Фыццаг уал балхӕдтой Калашниковы хӕдӕхсгӕ гӕрзы 173 макеты ӕмӕ сӕм 178 магазины. Раздӕр сӕ аргъ уыд 7,7 милуан сомы, фӕстӕдӕр сси 6 милуаны. Бадзырд бафыстой амалхъом адӕймаг Илья Стремоусовимӕ Ижевскӕй. Макеттӕ хъуамӕ схӕццӕ уой 29 сентябрмӕ.

Дыккаг бадзырд ӕххӕстгонд ӕрцӕудзӕн 30 сентябрмӕ. Æрбаласдзысты Макаровы дамбацайы 172 макеты ӕд гилдзытӕ. Бафиддзысты сын 5 милуан сомы. Бадзырд бафыстой Санкт-Петербурджы базарадон хӕдзар «РусьРегионКомплект»-имӕ.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
👎2🤔2😐1🤓1
Раздӕры сылгоймаг-пъӕлицӕйагыл гуырысхо кӕнынц гӕртам райсынӕй

🔻Сылгоймаг у республикӕйы мидхъуыддӕгты министрады хи ӕдасдзинады оперативон-агурӕн хайы кусӕг. Слестгӕнӕн комитеты хъусынгӕнинагмӕ гӕсгӕ йыл байгом кодтой уголовон хъуыддаг, тыхӕй домгӕйӕ гӕртам кӕй райста, уый тыххӕй.

Слестгӕнджыты бæрæггæнæнтæм гӕсгӕ, мартъийы ссыдысты гӕххӕттытӕ пъӕлицӕйы кусджытӕй иуы бӕрнондӕр бынаты сфидар кӕныны тыххӕй. Сылгоймаг-пъӕлицӕйаг куы базыдта, нӕлгоймаджы дзы сӕвӕрдзысты, уӕд ын бамбарын кодта, уынаффӕ цæмæй ӕххӕст æрцæуа, уый тыххӕй дæ бафидын хъӕуы, зӕгъгӕ. Пъӕлицӕйаг ын банчы хыгъдмӕ арвыста 40 мин сомы.

➡️ Ныртӕккӕ сылгоймаг у ахст.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
1🥴1🤓1👀1🗿1
Мырыкаты Хъазыбег сси Рахизфарсы районы сӕргълӕууӕг

🔻Районы минивӕртты сконды ӕмбырды уынаффӕмӕ гӕсгӕ Мырыкаты Хъазыбег бынӕттон администрацийы сӕргълӕууӕг нал у. «Иугонд Уӕрӕсе» та йын йӕ кандидатурӕ бахаста районы разамонӕджы бынатмӕ. Хъазыбегæн радтой, Фрайты Сосланы ацыды фӕстӕ чи суӕгъд, уыцы мандат ӕмӕ йӕ равзӕрстой районы сӕргълӕууӕгӕй.

📄 Мырыкаты Хъазыбег паддзахадон оргӕнты кусын райдыдта 2003 азы январӕй. Уыд регионы Физкультурӕ ӕмӕ спорты комитеты методист-инструктор. Фӕстӕдӕр куыста Цӕрӕнуӕтты коммуналон хӕдзарады комитеты раззаг специалистӕй, стӕй та арӕзтады министры хӕдивӕгӕй. Фӕстаг азты уыд Рахизфарсы районы администрацийы хӕдивӕг. Районы сӕргълӕууӕджы бынаты куыста цыппар азы бӕрц.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
👀2😁1👨‍💻1
Йе 'мкъай ӕмӕ уымæн йæ чызджы чи амардта, уыцы нӕлгоймаджы цӕттӕ кӕнынц рынчындонӕй рафыссынмӕ

🔻Зӕрдӕйӕн тынг зын операцийы фӕстӕ 58-аздзыд нӕлгоймаг йӕхимӕ ӕрцыд ӕмӕ йӕ цардӕн тӕссаг нал у. Раивтой йӕ хицӕн палатӕмӕ, йӕ фарсмӕ ӕппынӕдзух сты хъахъхъӕнджытӕ.

«Сапӕ» куыд базыдта, афтӕмӕй йӕ ног къуыри рафысдзысты. Лӕгмӕрдты тыххӕй нӕлгоймагыл байгом кодтой уголовон хъуыддӕгтӕ.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
🤬2🤯1🗿1
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
«Дӕ дзаумӕттӕ раив, бамбӕрстай?» Цӕгат Ирыстоны агурынц, республикӕмӕ ссӕуӕг уазӕджы чи ныццавта, уыдоны

🔻Интернеты апарахат иу видео: дыууӕ нӕлгоймаджы дзы ныббыцӕу сты, Стъараполӕй чи ссыд, ахӕм лӕппумӕ, йӕ уӕлӕ цыбырфадыг хӕлаф кӕй уыд, уый тыххӕй. Уазӕг сын сабырӕй дзуапп лӕвӕрдта, ома йæм хӕлаф куы уаид, уӕд ӕй раивид. 

Фӕлӕ «ӕгъдау хъахъхъӕнджытӕй» иуӕн ахӕм дзуапп йӕ зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыд ӕмӕ тымбылкъухӕй лӕппуйыл йӕхи баппӕрста. Ӕрхаудис ӕлхӕнӕджы сӕрыл рахӕцӕг ӕрыгон лӕппу-уӕйгӕнӕгыл дӕр. Ууыл та, нӕлгоймаг ӕнӕ бафидгӕйӕ ахӕссынмӕ кӕй хъавыд, уыцы тасмачъи банкӕ фехста.

➡️ «Сапӕ» куыд базыдта, афтӕмӕй барадхъахъхӕнджытӕ агурынц мӕстыгӕр нӕлгоймæгты. Цау ӕрцыд Пожарскийы уынджы. Нӕлгоймӕгтӕ уыдысты морӕхуыз LADA Granta-йыл.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
🥴3🤔1🤨1👨‍💻1
Хуссар Ирыстоны ӕнӕнхъӕлӕджы цауты министрады схорзӕхджын кодтой, цады адӕмы чи фервӕзын кодта, уыцы лӕппуты

🔻Студенттæ Плиты Константин æмæ Касаты Георгийы, афтӕ ма ведомствойы кусӕг Хъӕцмӕзты Радионы министрады кадджын мадзалы схорзӕхджын кодтой «Адӕймаджы фервӕзын кӕныны тыххӕй» майдантӕй. Хуссар Ирыстоны ӕнӕнхъӕлӕджы цауты министр, инӕлар-лейтенант Гассеты Ибрагим куыд загъта, афтӕмӕй лӕппуты лӕгдзинады тыххӕй фехъусын кодтой республикӕйы президент Гаглойты Аланӕн.

💬 «Президент бахӕс кодта лӕппуты схорзӕхджын кӕнын, сӕ ныййарджытӕм та арфӕйы ныхӕстӕ фӕхӕццæ кӕнын, Ирыстонӕн ахӕм аккаг фыртты кӕй схъомыл кодтой, уый тыххӕй», — фехъусын кодтой министрадӕй.

➡️ «Сапӕ» куыд фыста, афтӕмӕй июны кӕрон мад йӕ дыууӕ сывӕллонимӕ сӕ фӕллад уагътой цады был. Иуафон чызг донмӕ ӕгӕр хӕстӕг бацыд ӕмӕ доны ныххауд. Ленк кӕнын нӕ зыдта ӕмӕ ныгъуылын райдыдта. Мад — йӕ фӕдыл. Уый фенгӕйӕ кӕстӕр сывӕллон (лӕппу) дӕр мады фӕстӕ доны йӕхи баппӕрста. Сӕ амондӕн сӕ рӕзты фӕцӕйцыдысты Плиты Константин ӕмӕ Касаты Георгий ӕмӕ сӕ фервӕзын кодтой. Фӕкастис сӕм ӕнӕнхъӕлӕджы цауты министрады кусӕг дӕр.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
👍4👏1🏆1🤗1
Иры дыууæ хайы – иу зæрдæ – иу хъайтар

🔻Райгуырæн бæстæйæ дард де 'мзæххоныл амбæл – уымæй æхсызгондæр цы вæййы! Фæлæ уыцы цин алы хатт чындзæхсæвмæ нæ расайы. Уый æнхъæл нæ уыдысты Хъоцыты Георги æмæ Гуыбеты Ольгæ дæр. Амбæлдысты, Туркимæ хæсты фæстæ Уæрæсейы империйыл чи 'рбафтыд, уыцы горæт Хъарсы. Хъоцыйы-фырт æрцыд Хуссар Ирыстонæй æмæ куыста ахуыргæнæгæй реалон училищейы, Ольгæ та ахуыр кодта сылгоймæгты гимназы. Чызгæн йæ фыд Дзæуджыхъæуккаг афицер уыд æмæ йæ службæ кæнынмæ арвыстой Хъарсмæ.

📄 Георги æмæ Ольгæ базонгæ сты, уырыссаг æхсæнад цы бæрæгбæттæ арæзта, уыдонæй иуы. Кæрæдзийы зæрдæмæ фæцыдысты æмæ хъуыддаг минæвæрттæ барвитыны онг æрхцæццæ. Сиахсагыл цыдис 32 азы, чызгыл – æрмæст 16. Се 'хсӕн кæд уал азы уыдис, уæддæр, ахæм дæрддзæф ран йæ чызгыл аккаг ирон лæппу кæй дзуры, уый йын æхсызгон уыд, æмæ сын сæ цард баиу кæнынæн бар радта.

1917 азы революци Хъоцыты Георгийы бинонты æрыздæхын кодта Ирыстонмæ. Тæдзынæгæй цыхцырæгмæ бахаудтой: Гуырдзыстоны хицауад йæ сæйраг хæс скодта хуссайраг ирæтты скуынæг кæнын. Политикон æнкъуыстытæй змæлыдысты хæдзæртты бындуртæ, уый фæстæ та сыл гуырдзы арт бандзæрстой – райдыдта геноцид. Мингай адæмы лидзын бахъуыд Цæгат Ирмæ. Се 'хсæн уыдысты Хъоцыйы-фырты бинонтæ дæр.

Гуырдзыстоны æфсæдты Хуссар Ирæй куы фæсырдтой æмæ дзы Советон хицауад куы расидтысты, уæд Георги æмæ Ольгæ се 'ртæ сывæллонимæ æрыздæхтысты Цхинвалмæ. Сæ къæхтыл слæууыдысты æмæ хъæрмуд цард кодтой. 1941 азы 22 июны онг.

Фыдыбæстæйы Стыр хæст куы райдыдта, уæд фронтмæ ацыд сæ фырт Константин. Уыдис Сауденджызон флоты. Йæ лæгдзинады тыххæй йын саккаг кодтой Советон Цæдисы Хъæбатыры ном. Хæсты фæстæ Константинæн иу аз йеддæмæ нал бантыст ацæрын. Уымæй дыууæ азы фæстæдæр амард йæ мад, Георги та ма Ольгæйы фæстæ фæцард 20 азы.

#таурӕгъ

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
5
Абоны цаутыл афӕлгӕсгӕйӕ, уӕ цӕст цавӕр ныхӕстыл ӕрхӕцыд?

➡️ Ацы изӕр уӕ зонгӕ кӕнӕм ног дзырдимӕ — хӕдӕхсгӕ гӕрз.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
4👏1
Алы райсом пайдаимӕ!

📆 Кӕд цард чиныг у, уӕд йӕ бонтӕ — сыфтӕ. Чиныджы сыфтыл та ӕмбисӕндтӕ дӕр вӕййы.

#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
#ӕмбисонд
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
👍3
🎵 Мамсыраты Тасолтан — «Дӕ цӕстытӕ»

#Сапӕ_playlist
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
1
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
👍1
🔸 Хатт искæй рæнхъытæ куы фæкæсæм, уæд дзы ссарæм, нæхи бон зæгъын кæй нæ бацис, уыцы хъуыдыты халдих, науæд та нæ бафтауынц, ныры онг кæй никуыма бавзæрстам, ахæм сагъæстыл, раргом нын кæнынц æмбæхст рæсугъддзинад, сæвæрынц нæ разы ног фарстытæ.

▫️Ахæм рæнхъытæ уæм хæццæ кæныны охыл æрымысыдыстæм рубрикæ — «Хуыздæр нæ зæгъдзынæ».

#ӕмдзӕвгӕ
#цитатӕ
#зондджын_хъуыдытӕ
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
3👍1
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
📺 Машӕйы сывӕллӕттӕ бирӕ уарзынц. Фӕлӕ куыд рабӕрӕг, хистӕртӕй дӕр бирӕтӕм дзӕбӕх кӕсы ӕмӕ йӕм зӕрдиагӕй бакӕсынц. Гъе, уӕдӕ уын абон уыцы лӕвар кӕнӕм.

#аивады_хӕзнадон

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
2025/07/12 19:39:22
Back to Top
HTML Embed Code: