Telegram Web
«Неужели не оценила достойно?
Нет, видно, не судьба. Бог
Устроит к лучшему.
К о с т а»


🔻Ахæм ныхæстæ Хетæгкаты Къоста ныффыста, кæддæр Гайттаты Раисæйæ цы къам райста, ууыл, æмæ йæ фæстæмæ чызгмæ арвыста. Уый уыдис 1896 азы. Поэт базыдта, Раисæ чындзы кæй ацыд, уый, æмæ йæ фæндтæ йæ хъуыры фæбадтысты.

📄 Къоста уарзта Раисæйы æмæ йæ курынвæнд скодта. Чызг дæр æм куыдфæндыйы цæстæй нæ каст. Фыстæджытæ æрвыстой кæрæдзимæ.

«Дæхи "æгуыдзæг Къоста" цæмæн схуыдтай? Ау, уæдæ хæрзхуымæтæг, Хуыцауы комытæфæй цух, иннæтимæ иу джиппы уагъд уæвын – иудзырдæй, мæхуызæн уæвын – дæ зæрдæмæ фылдæр цæуы? Нæ мæ уырны. Фæлтау, ныр цавæр дæ, ахæм у кæддæриддæр. Фысс мæм, цыддæриддæр кæныс æмæ кæнынмæ хъавыс, уыдæттæ», – афтæ йæм фыста Гайттаты Раисæ.

Къоста йын йæ фыд Иналыхъимæ тынг хæлар уыд. Сæ иумæйаг зонгæ В.Х.-йы йæм барвыста. Уый Къостайæн фехъусын кодта Иналыхъы дзырд:

«Иналыхъ мæм ссыд æмæ мын афтæ загъта: "Мæ чызг Раисæ бирæ хорздзинæдтæ фехъуыста Къостайы тыххæй, стæй йын тынг аргъ кæны, фæлæ йæ нырма никæмæ фæнды мой кæнын"».

Уымæй бирæ рæстæг нæ рацыдаид, афтæ сæм минæвæртæ барвыста афицер Тускъаты Бета. Дыууæ мыггаджы бафидыдтой. Бета ирæдæн йæ иу хай бафыста. Октябры хъуамæ уыдаид чындзæхсæв. Фæлæ Раисæ æгъдæутты сæрты ахызт, æмæ кæд Тускъатимæ фидыд уыдысты, уæддæр чындзы фæцыд, Уæрæсейы цæргæйæ чи баззад, ахæм афицер Георгий Келермæ.

Къоста та Иналыхъмæ фыста:
«Мæ уарзон адæймаджы амондджын скæнынæн æгæр мæгуыр æмæ ницæйаг дæн, Иналыхъ. Афтæ къæйных æмæ рæузонд нæ дæн, цæмæй йын æфсæст цард æмæ æвæлмас амондæй зæрдæтæ æвæрон. Нæ! Мемæ йæ цард баиу кæнын кæй бафæнда, ахæм сылгоймаджы ссарын зын у. Уыимæ хъуамæ æнæмæнг ирон уа».

Раисæ æмæ йæ мой амондджын цард кодтой, фæлæ Келеры 1937 азы æрцахстой æмæ нал æрыздæхт.
Сылгоймаг та йæ амæлæты бонмæ цæстыгагуыйау хъахъхъæдта, Къоста йын йæ къамыл цы фæстаг ныхæстæ ныффыста, уыдон.

#таурӕгъ

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Абоны цаутыл афӕлгӕсгӕйӕ, уӕ цӕст цавӕр ныхӕстыл ӕрхӕцыд?

➡️ Ацы изӕр уӕ зонгӕ кӕнӕм ног дзырдимӕ — зӕрватыкк.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Алы райсом пайдаимӕ!

📆 Кӕд цард чиныг у, уӕд йӕ бонтӕ — сыфтӕ. Чиныджы сыфтыл та ӕмбисӕндтӕ дӕр вӕййы.

#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
#ӕмбисонд
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
🎵 Дзускуаты Таймураз — «Сауӕрфыг»

#Сапӕ_playlist
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
🔸 Хатт искæй рæнхъытæ куы фæкæсæм, уæд дзы ссарæм, нæхи бон зæгъын кæй нæ бацис, уыцы хъуыдыты халдих, науæд та нæ бафтауынц, ныры онг кæй никуыма бавзæрстам, ахæм сагъæстыл, раргом нын кæнынц æмбæхст рæсугъддзинад, сæвæрынц нæ разы ног фарстытæ.

▫️Ахæм рæнхъытæ уæм хæццæ кæныны охыл æрымысыдыстæм рубрикæ — «Хуыздæр нæ зæгъдзынæ».

#ӕмдзӕвгӕ
#цитатӕ
#зондджын_хъуыдытӕ

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
📺 Ирыстоны фӕсивӕд хорз уыдысты. Æмӕ сты.

#аивады_хӕзнадон 

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Алы райсом пайдаимӕ!

📆 Кӕд цард чиныг у, уӕд йӕ бонтӕ — сыфтӕ. Чиныджы сыфтыл та ӕмбисӕндтӕ дӕр вӕййы.

#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
#ӕмбисонд
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
🎵 Гобеты Сослан — «Коруйнаг кизга»

#Сапӕ_playlist
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
🔸 Хатт искæй рæнхъытæ куы фæкæсæм, уæд дзы ссарæм, нæхи бон зæгъын кæй нæ бацис, уыцы хъуыдыты халдих, науæд та нæ бафтауынц, ныры онг кæй никуыма бавзæрстам, ахæм сагъæстыл, раргом нын кæнынц æмбæхст рæсугъддзинад, сæвæрынц нæ разы ног фарстытæ.

▫️Ахæм рæнхъытæ уæм хæццæ кæныны охыл æрымысыдыстæм рубрикæ — «Хуыздæр нæ зæгъдзынæ».

#ӕмдзӕвгӕ
#цитатӕ
#зондджын_хъуыдытӕ

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
📺 Ӕмӕ, дам, сылгоймӕгтӕ лӕмӕгъ сты!

#аивады_хӕзнадон 

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Алы райсом пайдаимӕ!

📆 Кӕд цард чиныг у, уӕд йӕ бонтӕ — сыфтӕ. Чиныджы сыфтыл та ӕмбисӕндтӕ дӕр вӕййы.

#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
#ӕмбисонд
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Цӕгат Ирыстоны цӕрӕг амардта йӕ ус ӕмӕ йӕ чызджы, стӕй та йӕхимæ йӕ къух систа

🔻Фыдбылыз ӕрцыд Весеннийы уынджы. Нӕлгоймаг сӕ кардӕй барӕхуыста. Йӕ цардӕмбал ӕмӕ йӕ чызг амардысты.

Уый фӕстӕ нӕлгоймаг фӕнд кодта йӕхи амарын. Ныртӕккӕ ис рынчындоны. Уымӕй уӕлдай карды цӕфимӕ ӕрбаластой 15-аздзыд чызджы.

➡️ Нӕлгоймагӕн ныртӕккӕ кӕнынц операци.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Йе 'мкъай ӕмӕ уымæн йӕ чызджы чи амардта, уыцы нӕлгоймагыл байгом кодтой уголовон хъуыддаг

🔻58-аздзыд нӕлгоймаг ӕмӕ йӕ бинойнаг хӕдзары хъуыддӕгтӕй цӕуылдӕр фӕбыцӕу сты. Фырмӕстӕй сылгоймаг ӕмӕ йӕ дыууӕ чызгмæ кард систа. Цардӕмбал ӕмӕ чызджытӕй иуы, 23-аздзыды, мӕлӕтдзаг цӕфтӕ фӕкодта. 15-аздзыд чызг ныртӕккӕ ис рынчындоны. Уый фӕстӕ нӕлгоймаг йӕхи марынвӕнд скодта.

➡️ Нӕлгоймагыл байгом кодтой уголовон хъуыддаг. Ныртӕккӕ ис рынчындоны.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Цӕстдарӕджы хуызӕн уыди: сыхӕгтӕ радзырдтой, йӕ бинонты чи аргӕвста, уыцы нӕлгоймаджы тыххӕй

🔻Нӕлгоймаджы ном у М. Маламагомед. Йӕ бинонтӕн фыдӕвзарӕн райсом скодта. Чызджытӕй иу райсомы аст сахатыл подъездмӕ ратахт ӕмӕ ӕххуысагур сыхӕгтӕм хойын райдыдта. Адӕм куы ракалдысты, уӕд дуар гомæй ауыдтой, уырдыгӕй та хъуыстис хъӕр. Мидӕмӕ бакæсгæйæ чызджытӕй иуы мардӕй баййæфтой. 

Куыд радзырдтой, афтӕмӕй чызджытӕн тугӕй фыд нӕ уыдис. Сӕхи фыд раджы амардис. Кӕй барæхуыста, уый та, 23-аздзыд Зулейха, тагъд чындзы хъуамӕ ацыдаид. Кӕстӕрмæ дӕр кард систа, ныртӕккӕ ис рынчындоны. Нӕлгоймаг та йӕхи марынвӕрд кодта. Нӕ бавнӕлдта ӕрмӕст, сылгоймагимӕ сын цы иумӕйаг фырт ис, уымӕ. Лӕппуйӕн йе 'нӕниздзинад хъыгдард у.

Бинонтӕ хӕдзары дыууӕ азы бӕрц цардысты. Нӕлгоймаг-иу хаттӕй-хатт фӕзынд. Йӕ цардæмбалы сыхӕгтимӕ цӕрын нӕ уагъта. Чындздзон чызгмӕ минӕвӕртты дӕр хӕдзармӕ нӕ бауагъта, ӕндӕр ран сӕ суазӕг кодтой.

💬 «Сылгоймаг, Светланӕ, сабыр уыдис. Бинонтӕ дӕр сӕхи никӕуыл бастой, лымӕн никӕимӕ уыдысты. Хӕдзар сын чи ауӕй кодта, уый афтӕ дзырдта, ома, лӕг сылгоймагӕн цӕстдарӕджы хуызӕн уыд. Чындзы чи цыд, уыцы чызгӕй байста, хӕдзарӕй йӕм цы хай хаудис, уый», — дзурынц хъыгдардбаййафджыты сыхӕгтӕ.

Сӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, уый размӕ дӕр нӕлгоймаджы барадхъахъхъӕнджытӕ дыууӕ хатты ӕрцахстой. Цӕй аххосӕй уый нӕ зонынц. Зӕгъынц ма уый дæр, æмæ йӕхимæ къух сисыны размӕ гӕххӕттыл цыдӕр ныффыста. Цы фыст дзы ис, уый нӕ хъӕр кӕнынц.

➡️ «Сапӕ» ма куыд фыста, афтӕмӕй нӕлгоймагыл байгом кодтой уголовон хъуыддаг. Ныртӕккӕ ис рынчындоны.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Ӕнӕзакъон карз нозты 4 мин авджы тыххӕй — ӕрмӕстдӕр ивар

🔻Рахизфарсы районы 43-аздзыд цӕрӕг скодта ӕмӕ йӕ рӕбыны дардта мингай ӕвгтӕ ӕнӕзакъон карз нозт, стӕй 220 литры спъиртхъӕстӕ тӕнгъӕд. Сӕ иумӕйаг аргъ у 1,2 милуан сомы. Уый тыххӕй фехъусын кодтой Ӕдасдзинады федералон службӕйӕ. 

➡️ Рахизфарсы район ӕй фӕивар кодта 240 мин сомы.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
2025/07/07 16:35:40
Back to Top
HTML Embed Code: