Ӕнӕзакъон карз нозты 4 мин авджы тыххӕй — ӕрмӕстдӕр ивар
🔻 Рахизфарсы районы 43-аздзыд цӕрӕг скодта ӕмӕ йӕ рӕбыны дардта мингай ӕвгтӕ ӕнӕзакъон карз нозт, стӕй 220 литры спъиртхъӕстӕ тӕнгъӕд. Сӕ иумӕйаг аргъ у 1,2 милуан сомы. Уый тыххӕй фехъусын кодтой Ӕдасдзинады федералон службӕйӕ.
➡️ Рахизфарсы район ӕй фӕивар кодта 240 мин сомы.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
❤3🤨1😐1👀1
Ацы хъуыдыйæдтæй раст фыст кæцы у?
Anonymous Quiz
45%
Ныффысс-иу мæм дæ хабæрттæ
16%
Ныффысс иу мæм дæ хабæрдтæ
36%
Ныффыс-иу мæм дæ хабæрттæ
2%
Ныффыс-иу мæм дæ хабæрдтæ
🎉4👌1🏆1
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
Йæ усы æмæ уымæн йæ чызджы чи амардта, уыцы нæлгоймагӕн скодтой операци
🔻 Нӕлгоймаг йӕхӕдӕг йӕхи кардӕй барӕхуыста. Дохтыртӕ йын цыппар сахаты кодтой операци. Ныртӕккӕ ис реанимацийы, улӕфы аппаратӕй. Фесӕфта бирӕ туг. Уый тыххӕй «Сапӕ»-йӕн радзырдтой рынчындоны. Ссардтам операцийы кадртӕ дӕр.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
👎3🤨1😐1👀1
Алы райсом пайдаимӕ!
📆 Кӕд цард чиныг у, уӕд йӕ бонтӕ — сыфтӕ. Чиныджы сыфтыл та ӕмбисӕндтӕ дӕр вӕййы.
#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
#ӕмбисонд
#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
#ӕмбисонд
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
❤1💯1🤓1🤗1
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Сусæны мæй (июль)
🔻 Сусæн цы амоны, уый бæлвырд нæу. Ныры ирон адæммӕ амоны тынг тæвд.
▫️ Ацы мæй ма хуыдтой хуымгæрдæнты, стæй хосгæрдæнты мæй дæр. Цалынмæ комбайн нæ фæзынд, уæдмæ хуымтæ дæстæггай карстой къухæй-æхсырфæй. Сылгоймæгтæ бастой куыристæ, сæ куыристæ хъилæй амадтой æвдгæйттæй. Стæй сæ кодтой най.
▫️ Цæмæй хорæфснайæнтæ хорз ацыдаиккой, уый тыххæй-иу хуымгæрдæнтæ райдыдтой бæрæгбоны фынгæй. Уым ног хорæй хъуамæ уыдаид æртæ уӕливыхы.
▫️ Хосгæрдæнты æфсинтæ кодтой æрмæст хойраджы куыст. Бæрæгбонхуыз нæлгоймæгтæй иутæ цæвджытæ, цæвæджы хъæдтæ, хъæсдарджытæ цæттæ кодтой, иннæтæ та-иу уыгæрдæнмæ ацыдысты.
▫️ Хуыздæр хосдзауæн-иу бар радтой кадджын фыццаг æртæ уисы æрхæссын.
#мӕйты_нӕмттӕ
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
#мӕйты_нӕмттӕ
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
🔥2👌2👏1
Алагиры районы администрацийы управленитӕй иуы хицауы азымджын кӕнынц 3,9 милуан сомы бӕрц цӕстфӕлдахӕн митӕй
🔻 Ацы хатт йӕ барты сӕрты ахызт Алагиры районы администрацийы зӕххыты ахастдзинӕдты, исбоны ӕмӕ хъӕууон хӕдзарады управленийы хицау. Уый тыххӕй «Сапӕ»-йӕн фехъусын кодтой Ӕдасдзинады федералон службӕйы регионон управленийæ.
Нæлгоймаджы азымджын кӕнынц, муниципалон исбон кӕуылдӕр кӕй скодта, стӕй та йӕ ӕндӕр адӕймагӕн кӕй ауӕй кодта, уымӕй.
➡️ Районæн зиан æрхаста 3,9 милуан сомы.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Нæлгоймаджы азымджын кӕнынц, муниципалон исбон кӕуылдӕр кӕй скодта, стӕй та йӕ ӕндӕр адӕймагӕн кӕй ауӕй кодта, уымӕй.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
🤔1🌚1👀1🗿1
Цӕгатирыстойнаг дзюдоист Гуыбиаты Алыксандр архайдзӕн Универсиадӕйы
🔻 Уӕрӕсейы командӕйы нӕ республикӕйӕ у иунӕг спортсмен. Архайдзӕн 81 кг онг уӕзы хъӕбысæйхæцджыты ерысты.
Ахӕм егъау ерысты не 'мзӕххон фыццаг хатт архайдзӕн. Фарон Алыксандр Уӕрӕсейы юниорты 'хсӕн рамбылдта бронзӕ майдан.
➡️ Студентты ӕппӕтдунеон хъӕзтытӕ цӕудзысты Германы 16-ӕй 27-ӕм июльмӕ. Уӕрӕсейы иугонд командӕ уыдзӕн нейтралон статусы. Командӕйы 48 спортсмены сӕ тыхтӕ фӕлвардзысты спорты 9 хуызы.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Ахӕм егъау ерысты не 'мзӕххон фыццаг хатт архайдзӕн. Фарон Алыксандр Уӕрӕсейы юниорты 'хсӕн рамбылдта бронзӕ майдан.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
👍2👏1👌1🐳1
«Сапӕ» ӕппӕт бинонтӕн дӕр арфӕ кӕны ӕмӕ уын нӕ зӕрдӕ зӕгъы, цӕмӕй уат ӕнӕниз! Уӕ хистӕртӕ бирӕ куыд цӕрой, кӕстӕртӕ бирӕ куыд кӕной, уӕ цард мыдыкъусау дзаг ӕмӕ бӕркадджын куыд уа!
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
❤4❤🔥1🙏1🤗1
Казахстанӕй ӕрвитӕггаджы ссардтой мӕллӕг кӕнынӕн тӕссаг хостӕ
🔻 Ӕрвитӕггаг ссыд 18-аздзыд лӕппуйы номыл. «Сапӕ» куыд базыдта, афтӕмӕй йыл таможнæйы кусджытӕ фӕгуырысхо сты Хъесаты Астаны номыл уынджы посты.
Ирыстонмӕ сæрвыстой фараст тасмачъи къоппы, алкӕм дӕр дзы — 30-36 капсулы. Экспертизӕйы хатдзӕгтæм гӕсгӕ сӕ уыдис, адӕймагыл тынг чи ахады, ахӕм хос — сибутрамины 100 граммӕй фылдӕр.
Лӕппуйы ныхӕстӕм гӕсгӕ сӕ балхӕдта йӕ мадӕн. Хи смӕллӕг кӕнын ӕй тынг фӕнды.
➡️ Ныр лӕппуйӕн тӕссаг у уголовон хъуыддаг ыл байгом кӕнынӕй.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Ирыстонмӕ сæрвыстой фараст тасмачъи къоппы, алкӕм дӕр дзы — 30-36 капсулы. Экспертизӕйы хатдзӕгтæм гӕсгӕ сӕ уыдис, адӕймагыл тынг чи ахады, ахӕм хос — сибутрамины 100 граммӕй фылдӕр.
Лӕппуйы ныхӕстӕм гӕсгӕ сӕ балхӕдта йӕ мадӕн. Хи смӕллӕг кӕнын ӕй тынг фӕнды.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
❤1🤯1🤣1👻1😎1
Ирон мифологийы къонайы бардуаг куыд хуыйны?
Anonymous Quiz
13%
Аларды
13%
Зынджы бардуаг
60%
Сафа
14%
Æртхурон
🔥2👏2❤1💯1
Абоны цаутыл афӕлгӕсгӕйӕ, уӕ цӕст цавӕр ныхӕстыл ӕрхӕцыд?
➡️ Ацы изӕр уӕ зонгӕ кӕнӕм ног дзырдимӕ — хосгӕрдӕнтӕ.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
❤2
Алы райсом пайдаимӕ!
📆 Кӕд цард чиныг у, уӕд йӕ бонтӕ — сыфтӕ. Чиныджы сыфтыл та ӕмбисӕндтӕ дӕр вӕййы.
#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
#ӕмбисонд
#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
#ӕмбисонд
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Цӕгат Ирыстоны уӕлдӕфы температурӕ схиздзӕн 40 градусы онг
🔻 Синоптикты хъусынгӕнинагмӕ гӕсгӕ, хӕстӕгдӕр бонты Цӕгат Кавказы республикӕты уыдзӕн тынг тӕвд.
💬 «Сусӕны мӕйы 10-13 бонты Цӕгат Ирыстон, Дагестан, Кӕсӕг-Балхъар, Мӕхъхъӕл, Цӕцӕн, Хъӕресе-Черкес ӕмӕ Стъарополы крайы уыдзӕн судзгӕ хур. Ацы хатт уӕлдӕфы температурӕ уыдзӕн нормӕйӕ 5-8 градусы бӕрзонддӕр. Ӕмткӕй та уӕлдӕфы температурӕ схиздзӕн 41 градусы онг», — радзырдта Уӕрӕсейы гидрометцентры наукон разамонӕг Роман Вильфанд.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
🤯1
Советон Цӕдисы хъӕбатыры хӕстӕджытӕ курынц, ӕртӕ азы размӕ инӕларӕн цы барельеф систой, уый фӕстӕмӕ сфидар кӕнын
🔻 Дзӕуджыхъӕуы Хетӕджы-фырты ӕмӕ Барбашовы уынгты тигъыл хӕдзары къулыл 15 азы уыд Советон Цӕдисы хъӕбатыр Хетӕгкаты Георгийӕн мемориалон фӕйнӕг. Хӕдзары рацарӕзты рӕстӕг барельеф систой, бӕстыхай скодтой авгӕй ӕмӕ йыл мемориалон фӕйнӕг ногӕй сфидар кӕныны фадат нал ис. Мыггаджы минӕвӕрӕттӕ горӕты разамындӕй ракуырдтой, цӕмӕй фӕйнӕг сфидар кӕной, кӕнӕ та бар радтой ӕндӕр проектӕн.
💬 «Хетӕгкаты Аслан бацӕттӕ кодта ног проект. Мемориалон фӕйнӕг нӕ фӕнды стеллæйыл сфидар кӕнын. Фӕлӕ нӕ хъуыды архитекторы зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыд, сӕхӕдӕг дӕр ницы хъӕппӕрис бахастой», — зӕгъы мыггаджы хистӕр Мурат.
Хетӕгкатӕ разы сты куыстытӕ сӕхи хардзӕй скӕныныл. Хъӕуы сӕ ӕрмӕст, цӕмӕй сын бынат радих кӕной ӕмӕ сын бар радтой.
💬 «Республикӕйы сӕргълӕууӕгимӕ комкоммӕ эфиртӕй иуы йӕм бадзырдтон, мӕ хъуыды йын райхӕлдтон. Фӕлӕ фехъуыстон дзуапп, зӕгъгӕ, Алагиры йын цыртдзӕвӕн ис ӕмӕ уый фаг у», — радзырдта Хетӕгкаты Мурат.
Фӕлӕ Хетӕгкатӕ уӕддӕр курынц Советон Цӕдисы хъӕбатырӕн мемориалон фӕйнӕг сфидар кӕнынӕн бар радтын. Сӕмбырд кодтой къухӕвӕрдтытӕ дӕр ӕмӕ ныффыстой ног курдиат.
Дзӕуджыхъӕуы администрацийы «Сапӕ»-йӕн куыд радзырдтой, афтӕмӕй хъуыддаг къуылымпы уымӕй кӕны, ӕмӕ, мыггаг цы бынат агуры, уым йе сфидар кӕнын зын у.
💬 «Ныртӕккӕ ӕмбӕлгӕ бынат нӕй. Инӕлар Хетӕгкаты Георгийӕн кадджын нысан сӕвӕрыны тыххӕй гӕххӕттытӕ абон ногӕй бацӕттӕ кодтам. Хӕстӕгдӕр рӕстӕг фарстамӕ ӕркӕсдзысты. Хъуыддаг ма уымӕн ныддӕргъвӕтин, ӕмӕ мыггагимӕ баныхас кӕнын къухы не 'фтыд. Уыдоны кӕм фӕндыд, уыцы бынаты йӕ сӕххӕст кӕнын алыхуызон нормӕтӕм ӕмӕ домӕнтӕм гӕсгӕ нӕ уайы. Архитектортимӕ дӕр ныхас кодтой», — зӕгъынц администрацийы.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Хетӕгкатӕ разы сты куыстытӕ сӕхи хардзӕй скӕныныл. Хъӕуы сӕ ӕрмӕст, цӕмӕй сын бынат радих кӕной ӕмӕ сын бар радтой.
Фӕлӕ Хетӕгкатӕ уӕддӕр курынц Советон Цӕдисы хъӕбатырӕн мемориалон фӕйнӕг сфидар кӕнынӕн бар радтын. Сӕмбырд кодтой къухӕвӕрдтытӕ дӕр ӕмӕ ныффыстой ног курдиат.
Дзӕуджыхъӕуы администрацийы «Сапӕ»-йӕн куыд радзырдтой, афтӕмӕй хъуыддаг къуылымпы уымӕй кӕны, ӕмӕ, мыггаг цы бынат агуры, уым йе сфидар кӕнын зын у.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Рахизфарсы районы сӕргълӕууӕг Фрайты Сослан суыдзӕн спорты министр
🔻 Уыцы хъӕппӕрис бахаста республикӕйы разамонӕг. Сергей Меняйло куыд загъта, афтæмæй Хъазыбег йӕхӕдӕг спортсмен уыд ӕмæ ацы къабазы риссаг фарстатыл куыд кусын хъæуы, уый хорз зоны. Раздӕры министр Хуадонты Артур кусдзӕн министры хӕдивӕгӕй. Районы сӕргълӕууӕг та суыдзӕн Мрикаты Хъазыбег.
Республикӕйы разамонӕг ног министры размӕ сӕвӕрдта бӕлвырд хӕстӕ. Сӕ иу — олимпаг спорты хуызтӕ парахат кӕнын, уыимӕ хъӕбысхӕст. Уымӕй уӕлдай Фрайты Сосланӕн бахӕс кодтой спортивон скъолаты аудит саразын, тренерты куыстмӕ биноныгӕй ӕркӕсын.
Сергей Меняйло ма куыд фехъусын кодта, афтӕмӕй Волейболы федераци спортивон хъӕбысхӕсты центрӕй рацӕудзӕн ӕмӕ ӕрбынат кӕндзӕн регионы ахуыргӕнӕндӕттӕй иуы спортзалы. Центры та сӕвӕрдзысты фондз ног спортивон гауызы ӕмӕ дзы богӕлттӕ тренировкӕтӕ кӕндзысты.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Республикӕйы разамонӕг ног министры размӕ сӕвӕрдта бӕлвырд хӕстӕ. Сӕ иу — олимпаг спорты хуызтӕ парахат кӕнын, уыимӕ хъӕбысхӕст. Уымӕй уӕлдай Фрайты Сосланӕн бахӕс кодтой спортивон скъолаты аудит саразын, тренерты куыстмӕ биноныгӕй ӕркӕсын.
Сергей Меняйло ма куыд фехъусын кодта, афтӕмӕй Волейболы федераци спортивон хъӕбысхӕсты центрӕй рацӕудзӕн ӕмӕ ӕрбынат кӕндзӕн регионы ахуыргӕнӕндӕттӕй иуы спортзалы. Центры та сӕвӕрдзысты фондз ног спортивон гауызы ӕмӕ дзы богӕлттӕ тренировкӕтӕ кӕндзысты.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
❤2
Цӕгат Ирыстоны цӕрӕгӕн стӕрхон кодтой, сывӕллӕтты цур сыхӕгты куыдзы кӕй амардта, уый тыххӕй
🔻 Кӕрдзынаг Цӕндиаты Реуаз дардта кӕрчытӕ, гогызтӕ, фыстӕ ӕмӕ родтӕ. Афӕдзы дӕргъы йӕм фӕцахуыр кӕйдӕр куыдз ӕмӕ йын йӕ цӕрӕгойты цагъта. Куыдзы хицауы агуырдта, фӕлӕ йӕ не ссардта.
Радон хатт та цыппаркъахыг куы фӕзынд, уӕд нӕлгоймаг райста йӕ топп, уынгмӕ рацыд ӕмӕ куыдзмӕ ныхъхъавыд. Уыцы рӕстӕг йӕ хӕдзары рӕзты фӕцӕйцыдысты сыхӕгты сывӕллӕттӕ. Нӕлгоймаг сӕ афарста, ацы куыдз кӕй у, уый зонынц ӕви нӕ, уымӕй. Уыдон дӕр ӕй нӕ зыдтой. Уӕд Реуаз айтӕ-уйтӕ нал фӕкодта ӕмӕ куыдзы фехста. Йӕ мардыбуар та йын хъӕугӕронмӕ аласта ӕмӕ йӕ уым аппӕрста.
Уыцы бон ӕм фӕзынд участокмӕ цӕстдарӕг барадхъахъхъӕнӕг ӕмӕ йын фехъусын кодта, куыдзы хицау ыл хъаст кӕй ныффыста, уый. Кировы районы тӕрхондон Реуазы банымадта аххосджыныл ӕмӕ йын рахаста ӕхсӕз мӕйы растгӕнӕн куыстытӕ кӕныны тӕрхон, йӕ мызды 5% та паддзахадмӕ куыд цӕуа.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Радон хатт та цыппаркъахыг куы фӕзынд, уӕд нӕлгоймаг райста йӕ топп, уынгмӕ рацыд ӕмӕ куыдзмӕ ныхъхъавыд. Уыцы рӕстӕг йӕ хӕдзары рӕзты фӕцӕйцыдысты сыхӕгты сывӕллӕттӕ. Нӕлгоймаг сӕ афарста, ацы куыдз кӕй у, уый зонынц ӕви нӕ, уымӕй. Уыдон дӕр ӕй нӕ зыдтой. Уӕд Реуаз айтӕ-уйтӕ нал фӕкодта ӕмӕ куыдзы фехста. Йӕ мардыбуар та йын хъӕугӕронмӕ аласта ӕмӕ йӕ уым аппӕрста.
Уыцы бон ӕм фӕзынд участокмӕ цӕстдарӕг барадхъахъхъӕнӕг ӕмӕ йын фехъусын кодта, куыдзы хицау ыл хъаст кӕй ныффыста, уый. Кировы районы тӕрхондон Реуазы банымадта аххосджыныл ӕмӕ йын рахаста ӕхсӕз мӕйы растгӕнӕн куыстытӕ кӕныны тӕрхон, йӕ мызды 5% та паддзахадмӕ куыд цӕуа.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
🤬2👍1👎1
Ацы хъуыдыйæдтæй раст фыст кæцы у?
Anonymous Quiz
9%
Кæмæн фæнды дæр рахъазт кæн
45%
Кæмæн фæнды дæр рахъаст кæн
36%
Кæмæнфæнды дæр рахъаст кæн
9%
Кæмæнфæндыдæр рахъазт кæн
❤1