Warning: mkdir(): Permission denied in /var/www/tgoop/function.php on line 85

Warning: file_put_contents(aCache/detail/m/a/h/d/mahduuug.txt): Failed to open stream: Permission denied in /var/www/tgoop/function.php on line 87

Warning: Undefined array key 0 in /var/www/tgoop/function.php on line 65

Warning: Trying to access array offset on value of type null in /var/www/tgoop/function.php on line 65
4450 - Telegram Web
Telegram Web
Ирыстоны пысылмон диныл хæст цæрджытæн зæрдиаг арфæ кæнæм Рамаданы бæрæгбоны райдианы тыххæй!

Æнæхъæн мæй дардзысты ком, сыгъдæгзæрдæйæ кувдзысты Хуыцамæ, ардзысты йын йæ ном, араздзысты хорз хъуыддæгтæ, архайдзысты сæ удтæ тæригъæдтæй сыгъдæг кæныныл æмæ сын бантысæд!

Махæн та уын нæ зæрдæ зæгъы уды сыгъдæгдзинад æмæ фæрныгад, æнæниздзинад æмæ царды хæрзтæ!

#журналмахдуг
АБОН ХАДЖЕТЫ ТАЙМУРАЗЫ РАЙГУЫРДЫЛ ÆХХÆСТ КÆНЫ 80 АЗЫ

Зындгонд æмæ курдиатджын поэт, тæлмацгæнæг, драматург. Мыхуыры рацыдысты йæ чингуытæ "Æрдхæрæны зарæг", "Фæсизæр", "Голос ветра", "Уацмыстæ", "Хъысмæт æмæ зарæг", "Урс хæхты зарджытæ", "Фæндæгты фарн", "Арты уидæгтæ"...
Таймураз хорз арæхст зарынмæ дæр. Фыста музыкæ.
Поэт амард 1996 азы. Æвæрд у Ногиры уæлмæрды. Фæцард 51 азы. Йæ диссаджы лирикон æмдзæвгæты тыххæй йæ хуыдтой ИРОН ЕСЕНИН.

#журналмахдуг
ХАДЖЕТЫ Таймураз
* * *
Дыууæ хорзы агуырдтон царды,
Цæмæй уа æвæсмон
Мæ цæсгом.
Дыууæ хорзы агурдтон царды,
Цæмæй уа æнæмæт
Мæ мæлæт.
Арт цагътон мæ удæй Амранау.
Мæ сæрыстыр уарзонæн
Уаз он;
Мæ риуæй æндон мыртæ хъара, –
Ысгуыхон фыдлæгæн
Фыдгæнæг.
Фæлæ мын нæ бантысти ницы...
Мæ тухиты зæнæг –
Къæзæнæг.
Ызнаджы зынтæй-иу мæхицæн
Хай кодтон:
Лæг уыди –
Нæ хъуыди!..
Æцæг-иу йæ хорзы бон никæд
Нæ уыди уый адæмæн
Адæн.
Йæ сау хуыз-иу адардта цикъæ,
Худт ризгæ хъæлæсæй
Мæ тæсæй...
Сылгоймаг?! Æнæвдæлон азты
Хызта уый йæ мойы
Мæ койæ.
Æрмæст-иу æм тавиц нæ хастон –
Æз уарзтон!
Æз барстон!

#журналмахдуг #хаджетытаймураз
Зынаргъ хæлæрттæ! Ирыстоны Фысджытæ! Нæ курдиатджын автортæ! Зæрдиагæй уын арфæ кæнæм Фыссæджы дунеон боны фæдыл!

Нæ зæрдæ уын зæгъы, цæмæй уæ равзæрст фæндаджы цæлхдурты сæрты æнцонтæй хизат, хайджын уат сфæлдыстадон удцырены æнкъарæнтæй, æнæниздзинад æмæ царды æмæндтæй! Бирæ уын бантысæд!

Фыссæджы стырдæр амонд у, йæ уацмысæн ын аргъ чи скæна, ахæм кæсæг æмæ дзы уе `ппæт дæр хайджын ут! Мах та кæддæриддæр æнхъæлмæ кæсæм уæ уацмыстæм!


#журналмахдуг #фыссæг
СОТТИТЫ Риммæ
НЫР УАЛДЗÆГ У
Ныр уалдзæг у. Зæлдагпоцкъо хæрис
Æрæнкъард ис дыууæ фæндаджы астæу.
Æвæццæгæн, нымайы уый йæ азтæ,
Æви æнкъары уалдзæджы фæдис.

Ныр уалдзæг у. Фыццаг кæрдæг фæдис
Йæ риуы ‘мдзагæй хъæр кæны нæ кæмттæм:
– «О, паддзах – æрдз!
Дæ диссаджы æгъдæуттæй
Мæ зæрдæйæн æнцойдзинад хæссыс!»

О, уалдзæг у. Æппæт дуне ныррухс.
Ныззæлланг кодта малусæг йæ зарæг.
Ысдардта хурмæ уарзон зæхх – нæ дарæг
Фæззыгæнды хъæдабæхуыз цъæх рус.

#журналмахдуг
КОКОЙТЫ Эльзæ
***
Ард дын хæрын æз поэты æрхæндæгæй –
Ничи дæ уарзта мæнау…
ХАДЖЕТЫ Таймуразӕн
Ард дын хӕрын æз мӕ уарзты ӕрхӕндӕгӕй –
Ничи дӕ уарзта мӕнау.
Фӕлӕ… Цы давы мӕ уарзт? –
Гъе, мӕ цӕссыгтӕ?
Ӕмӕ… Мӕ уды рӕдау?..
Зонын,
Ӕмбардзынӕ искёдбон, ‘нӕмӕнгӕй,
Ме знӕт зӕрдӕйы рӕвдыд.
Сыстдзӕн дӕ разы фӕскъӕвда арвӕрдынау
Цӕссыгты зыд.
Ӕмӕ дын цадӕг
Дӕ риумӕ ӕвналдзӕнис
Сабыр хуыснӕгау, хъуызгӕ.
Сусӕг ныхӕстӕй дӕ хъусы цы зӕгъдзӕнис,
Уый-иу нымбӕхс!..
#журналмахдуг
БАСИТЫ Зӕлинӕ

ЦӔУЫН ДӔУМӔ

Уӕларв мӕ дзыкку дауы ныр цъӕх армӕй,
Мӕ зӕрдӕмӕ йӕ фӕлмӕн хуыз ныххызт.
Рӕвдауы мӕ сызгъӕрин хур йӕ хъармӕй,
Мӕ дӕллаггуырыл рог дымгӕ ныттыхст.

Цӕуын дӕумӕ. Ӕрбалхъывтон мӕ риумӕ
Цыбыр фыстӕг: «Ӕнхъӕлмӕ дӕм кӕсын...»
Кӕнын хӕлӕг мӕхӕдӕг дӕр мӕхимӕ,
Мӕхи цӕстӕй мӕ амондӕн тӕрсын.

Нӕ фембӕлдмӕ ӕрмӕстдӕр иу уысм баззад,
Ӕнӕхъӕн уысм – нӕ фембӕлдмӕ нырмӕ!
Мӕ зӕрдӕ рогдӕр бумбулийӕ фестад,
Пӕр-пӕр кӕны, гӕлӕбу у цыма.

Ӕвӕдза, цас ис бауарзӕг зӕрдӕйы
Ӕрвон арты ӕнӕкӕрон рӕвдыд!
Цӕуын дӕумӕ – фылдӕр амонд нӕ вӕййы!
Цӕуын дӕумӕ – фылдӕр амонд нӕ уыд!
#журналмахдуг
Уважаемые граждане!

📣 Завтра будет комплексная проверка готовности системы оповещения населения РСО-Алания.

В ходе проведения проверки будет осуществлен запуск громкоговорителей и электросирен в пунктах оповещения населения.

Убедительная просьба к населению: услышав сигнал сирены, не поддаваться панике, сохранять спокойствие и помнить, что данный запуск средств оповещения производится в рамках проверки готовности системы оповещения к реагированию на возникновение реальных чрезвычайных ситуаций.
ДЗУЦЦАТЫ Хадзы-Мурат
***
Ма кæн, дæ усæй мын ма ’ппæл,
Ма дзур, фыццаг хатт йæ къух
Хъавгæ дæ къухыл куыд амбæлд, —
Пиллонау, барызт йæ къух.

Ма дзур, йæ фыды уæзæгæй
Иубон куыд æрцыд дæумæ, —
Ног мæйау, буцæй, сыгъдæгæй
Амонд æрхаста дæумæ.

Ма кæн, дæ усæй мын ма ’ппæл,
Ма йæ хæсс дисæн, мæ хур,
Уый бæсты де ’мбæлттæй раппæл,
Раппæл дæхицæй, мæ хур, —

Раппæл дæ фыдæй, дæ мадæй,
Раппæл дæ уарзон куыстæй,
Раппæл дæ адæмы кадæй,
Раппæл сæ нæртон куыстæй,

Раппæл, сæ уарзтæн сын дзуаппæн
Саразын цас у дæ бон...
Ма кæн, дæ усæй мын ма ’ппæл
Æмæ мын уа æнцон.
СУДЬБА ПОЭТА
НАФИ
Ужель поэт – певец, и лира –
Счастливый дар?.. Нет: плачет он.
То чахнет он от хвори мира,
Вся жизнь его – то крик, то стон.

И нет поэту исцеленья,
Покуда болен мир – изволь:
Неси его – от сотворенья –
В душе своей и быль, и боль.
А. ПУШКИН. ЦАРДЫ УÆРДОН
ХЪОДЗАТЫ Æхсары тæлмац

О, хатт уæззау вæййынц йæ уæргътæ,
Фæлæ нæ уæрдон тулы рог.
Ыскъæры урсхил рæстæг бæхтæ,
Нæ уады фидар къухтæй рох.

Сæумæйæ уæрдоны æрбадæм;
Нæ зонæм тас, нæдæр сæрфат.
Нæ тæрсæм зивæгæй, фæлладæй,
Хъæр сисæм: гъæйтт!..

Фæкъахыр бонæмбисмæ не ’хсар,
Фæлмæцæм: къулвæхсытæ, æрх.
Хъæр сисæм: ма байрай дæ ехсæй,
У зæрдæ де ’рра тардæй цъæх!

Тæхæм: изæрмилтæ — хæрзхæстæг;
Кæнæм рæдзæ-мæдзæ, фынæй.
Цæуæм æхсæвиуатмæ — рæстæг
Æрцæуы хъал æфсургътыл: гъæй!
МАД
ГУЫРДЗЫБЕТЫ Барис


Барстай мын алцыдæр... Уайдзæф мын
кæм хъуыд, уым дæр мæ рæвдыдтай.
Ныр нал дæ, ацыдтæ, æз та, цы уыдтæн,
уымæй баззадтæн.
Рæдийын. Æнæсæрон — мæ ныхæстæ.
Сæрхъæн — мæ митæ...
Уайдзæфтæ мын судзынц мæ цæстытæ,
æвдæрзынц мын мæ зæрдæ. Судзины хуын-
чъы мын ласынц мæ уд.
Ды нал дæ, æз — цæрын...

#журналмахдуг
БЫДЫРГЪ
ГУЫРДЗЫБЕТЫ Барис

Иу фæзы дидинджытæ, иу хуымы æвзартæ, иу суадоны сыгъдæг æртæхтæ уыдыстæм. Æз — судзин, уый — æндах. Æз — тæлфгæ зæрдæ, дадзин та — уый. Нæ уарзт судзгæ ’взæгтæ уагъта. Фæлæ кæйдæр фыдох, кæйдæр хахуыртæй аскъуыд нæ зæрдæты иудзинады таг.
Хъысмæт, хъысмæт, йæ азар нæ басыгъта. Басыдис, бандзыг ис нæ амонды дидинæг, æфсир нал радтой йе ’взартæ.
— Цы у адæймаг æнæ уарзтæй?
— Быдыргъ...

#журналмахдуг
БÆЛÆГЪ
ГУЫРДЗЫБЕТЫ Барис


"Цард нырма разæй ис", — фæхъуыды
кæнæм æвзонгæй.
"Ох, кæм уыдтæн уæд", — фæсмон ма
фæкæнæм зæрондæй...
Лæджы цард цин æмæ масты бæлæгъ у, мах та — йæ бæлццæттæ.

#журналмахдуг
УАРЗТЫ АИПП
ГУЫРДЗЫБЕТЫ Барис
О, бирæ уарзта, тынг бирæ мæ уарзта уый. Уарзтон æй æз дæр... Уарзтон, фæлæ...
Уымæн раздæр райхæлд йæ уарзты дидинæг. Мæнæн къуыбар-æлхынцъæй баззад — бафынæй.
— Цæмæн?
— Зæлдаг кæй хуыдта, уый мæнмæ кæттагæй зындис. Сау æм чи зындис, мæнмæ уый урсæй фидыдта. Уый — судзгæ ’хсидав, æз — дон. Дыууæ цыфыддæр знаджы. Уый басыгъдис, æз — байсыстæн. Уарзты аипп...

#журналмахдуг
ДЫУУÆ АРТЫ. ГУЫРДЗЫБЕТЫ Барис
Иу дзырдта:
— Æз мардтæн æмæ нæ цардтæн. Сыгъдтæн æмæ басыгъдтæн.
Афтæмæй та цардис æмæ нæ сыгъдис. Нæ мардис æмæ нæ басыгъд. Ныртхутæг йæхимидæг.
Иннæ ницы дзырдта... Фæлæ мардис,
сыгъдис æмæ... бахсыст.
#журналмахдуг
АФТӔ ДӔ ЦӔМӔН УАРЗЫН?
БАГАТЫ Лади

Афтӕ дӕ цӕмӕн уарзын, Ирыстон?!
Кӕд, мыййаг, дӕ хъарм цӕссыджы 'ртах,
Сабийӕ дӕ аргъӕуттӕм куы хъуыстон,
Уӕд мӕнӕн мӕ зӕрдӕмӕ ныттагъд...
Кӕд, мыййаг, дын банызтон дӕ рынтӕ
Суадоны был дойныйӕн кӕддӕр...
Кӕд ӕдзух дӕу ф' агурын мӕ фынты
Ӕмӕ дӕ нӕма ссардтон уӕддӕр?

Афтӕ дӕ цӕмӕн уарзын, Ирыстон?!
Кӕд дӕ фӕз, дӕ урссӕр хӕхты уынд,
Дард балцы ӕнкъард бонтӕ куы 'рвыстон,
Уӕд ӕдзух мӕ цӕсты раз лӕууыд?
Цас бӕстӕтыл азылдтӕн дӕ фӕстӕ:
Ӕрдз, хӕзнайӕ, алцӕмӕй — ӕххӕст.
Нӕ, уӕддӕр мӕ Райгуырӕн хӕхбӕстӕй
Атонын нӕ бакуымдта мӕ цӕст.
Не ссардтон рӕсугъддӕр арв мӕ сӕрмӕ, —
Зӕхх — цӕрынӕн, бануазынмӕ — дон.
Искӕй хорз ном не 'рхастон мӕ сӕрмӕ,
Уыд мӕ ном кӕддӕриддӕр хӕххон...
Кадылмӕлӕг, балцмондаг, зындзӕрӕн,
Хӕхты 'гъдӕуттыл — тохгӕнӕг ӕдзух,
Хистӕрӕн — лӕггадгӕнӕг, кӕстӕрӕн —
Зондамонӕг — цас ӕххӕсса къух.

Афтӕ дӕ цӕмӕн уарзын, Ирыстон!?
Кӕд дӕ кӕмтты 'рра дӕттӕн кӕддӕр
Радгӕсӕй сӕ зарӕгмӕ куы хъуыстон,
Уӕд мӕ хъусты баззади сӕ хъӕр...
Бафтыди уӕдӕй мӕ фӕдыл зарӕг
Ӕмӕ ма йын аскъуынӕн кӕм ис!
Куы — идӕдзы "А-лол-лай”-ы хъарӕг,
Куы — Къостайы "Додой"-ы фӕдис.
О, тӕхуды, ныр Ацӕмӕз сарӕхс!
Иры фарнӕн удӕвдзӕй ныззар,
Иры цинтӕ хуры рухсмӕ рахӕсс,
Иры рынтӕ дымгӕтӕм ныддар!

#журналмахдуг
2025/03/22 10:29:57
Back to Top
HTML Embed Code: