Warning: Undefined array key 0 in /var/www/tgoop/function.php on line 65

Warning: Trying to access array offset on value of type null in /var/www/tgoop/function.php on line 65
16265 - Telegram Web
Telegram Web
Ирон дæн æз. Дæн стыр амонды хицау. Мæ райгуырæн бæстæ — æрдхæрæны рæсугъд, зæдбадæн бынат. Мæ рагфыдæлтæ — номдзыд æмæ куырыхон. Дзырд “ирон” зæгъ, æмæ дæ хъусты зæлланг кæнынц æндæр дзырдтæ: Анахарсис æмæ Санаты Сем, Нарты Сатана æмæ Зæдæлески Нана, Симд æмæ Зилахар, Ацæмæзы уадындз æмæ Гергиаты Валери, Нарты Батрадз æмæ Хъаныхъуаты Бола, «Ирон фæндыр» æмæ Хетæгкаты Къоста, ариаг туг æмæ Абайты Васо, Плиты Иссæ æмæ Хъантемыраты барджытæ, Джыккайты Шамиль æмæ рæстдзинады Уацамонгæ, урссæр хæхтæ æмæ сæрибар цæргæс, Сыгъзæрин Уастырджи æмæ сыгъдæгзæрдæйæ кувæг лæг. Æмæ сæ чи фæуыдзæн нымад..

Æппæт дуне Фыдызæхх хуыдта Къоста. Æз, йæ фæдон, уарзын иннæ адæмты. Сæ культурæйы цыртдзæвæнтæ табуйаг сты мæнæн. Фæлæ мæ зæрдиаг ныхас кæнын куы æрфæнды, уæд æй иронау фæзæгъын. Ирон фыдуаг лæппумæ мадæлон æвзагыл уайдзæф: «Дæ фыды, дæ мыггаг ма худинаг кæн» тынгдæр цыма бахъардзæн. Ирон симд мæм уæларвон кæсы. Сиргæ нæ, ленк цыма кæнынц æнæрцæф уæздан рæсугъдтæ. Фæлæ бахъуаджы сахат уыдон фестынц æндонриу амазонкæтæ. Сæ кары куы ацæуынц, уæд та нын Тылаттаты Черменты, Алыккаты Хазбиты схъомыл кæнынц. Ехх, цы сæрыстыр уаид абон нæ рагфыдæл, мæсыджы сæрæй хурæфсæст Ирмæ куы ракæсид. Куы фенид, куырыхон хистæрæн уæздан кæстæр æгъдау кæм дæтты. Фыд йæ фыртæн фарны хъуыддæгтæ кæм амоны. Ирон сылгоймаг арынджы уæлхъус бæрæгбоны уæливыхтæ кæм цæттæ кæны. Давгæ æмæ маргæ кæм нæ кæнынц, гæды ныхас йæ сæрмæ кæм ничи хæссы, æфсымæр æфсымæры уæлхъус кæм æрбалæууы цин æмæ зианы. Аивад, наукæйы, спорты бæрзæндтæм кæм тырнынц. Фарн, Æгъдау, Намыс табуйаг дзырдтæ кæмæн сты. Ирон зæлдаг ныхас кæм хъуысы, гъе уыдоны хъæбул дæн, зæгъгæ, ныхъхъæр кæнин. «Ирон дæн æз!» — ныффыссин стъалытæй уæларвыл.
— Что мне делать, Газак? — и терпеливо, с надеждой ждал, что тот ответит.
— У нас есть бурка, конь, — таинственно произнес Газак. — И я твой брат...
Мурат вдруг вздохнул. Эта мысль навещала его, зачем скрывать?! Мурат отрицательно покачал головой и убежденно произнес:
— Никогда ничего не крал — свое счастье как?

«Заповедь», Георгий Черчесов.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
«Иууыл цагъды куы фæуæм, уæд дæр ацы фæндырæн ма уæд фесæфæн».

Аивады уидаг, рухсы арфдæр уидаг хъизæмары æмбæхст ис, æмæ ацы хъуыды махæн нæ фыдæлтæй баззад. Нæ эпосы у бынтон æргомæй æвдыст: Сырдон фæндыр йæ сывæллæтты стджытæй сфæлдыста. Сырдон баййæфта адæймаджы иууыл стырдæр уды рыст, æмæ йæ ацы рыст афтæ тынг аивта, афтæ тынг банкъардта йæ хинæйдзаг зæрдæмæ, æмæ цыдæр цыбыр уысммæ йын урс митæй сыгъдæгдæр сси. Сси æндæр адæймаг Сырдон. Уды рыстæй æмæ уды сыгъдæгæй райгуырд аивад, æмæ йын уый фæдыл амæлæн нæй.

Фæндыр у Сырдоны хистæр фырты цонджы стджытæй арæзт, йæ дыууадæс тæны та йæ иннæ фыртты зæрдæты тæгтæй сфæлдыста. Нарты сæфт уыд Сырдон, фæлæ ацы кадæгы равдыста ахæм зæрдæ, æмæ йæм ничи баххæссыд нарты гуыппырсартæй дæр. Аккаг аргъ йын скодтой нæ фыдæлтæ, умæн æмæ тынг арф банкъардтой рæсугъддзинады тых. Церечы згъæрæй, Бидасы такайæ, Курдалагоны конд хæцæнгæрзтæй ахсджиагдæр хæзна у ирон дыууадæстæнон. Рухс æмæ хъизæмар, аивад æмæ мæлæт, зæрдæйы тæгтæ æмæ цонгы стджытæ — царды бындур.
⚡️Максимальный репост. 8-летнему Солтану Караеву срочно нужна помощь. У него обнаружили лейкоз в острой форме. С 5 сентября он находится на лечении в Москве, в Детском онкологическом центре им Д. Рогачева. (Ссылка на сбор @soltan_pobedit )

Солтан остался с отцом, Аланом Караевым, после трагической утраты матери. Сейчас семье необходима помощь, чтобы спасти жизнь мальчика. Каждая копейка приближает Солтана к выздоровлению.

Реквизиты для помощи:
СБП (Сбербанк/Тинькофф): Алан Караев (папа Солтана)
Телефон: +7 960 400-37-29

Вместе мы можем помочь Солтану и его семье справиться с этим испытанием!
удæнцой
Photo
если нет возможности оказать фин. поддержку, поддержите в распространении информации, это тоже огромная помощь для семьи!!🥺
ӕмӕ не 'ппӕт дӕр иумӕ ракурӕм Хуыцауӕй Солтанӕн фидар ӕнӕниздзинад 🙏🏻❤️‍🩹
Абоны бон Ирон Æгъдау æмæ Ирон Æфсармы домæнтæн сæ сæйрагдæртæ сты:
— Адæмы 'хсæн, æхсæнадон бынæтты зон дæхи дарын. Ма кæн хъæр, æнæфсарм, кæнæ схъæл ныхас. Дæхи ма стау, аргъ кæн алкæйы зондæн дæр. Фылдæр хатт бирæ зæгъынæй байхъусын пайдадæр вæййы.
— Ма кæн къуыдипп, схъиуд митæ. Зон хиуыл хæцын, уый фæрцы адæмы астæу уыдзынæ кадджындæр, тыхджындæр æмæ фæрнджындæр.
— Ирон нæлгоймæгтæ фембæлгæйæ хъæбыстæ никуы кодтой. Кæрæдзийы къухта-иу райстой æмæ-иу дзыхæй уæздан арфæ ракодтой. Нæу дæуæн дæр сыхæгтæй æрбайсгæ хъæбыстæ кæныны æгъдау фæзминаг.
— У хайджын ирон æфсармæй. Уынгты, паркты, æхсæнадон бынæтты уром æмæ ма 'вдис дæ монцтæ. Чызг æмæ лæппу кæрæдзимæ цы зæрдæ дарынц, уымæ хъуамæ адæм кинойау ма кæсой. Алцæмæн дæр ис йæхи бынат æмæ рæстæг.
— Зон æмæ æххæст кæн кæстæр-хистæры æмæ хистæр-кæстæры æгъдау. Кад кæн нæ фæрнæйдзаг хистæртæн, ис сæ зонд æмæ фæлтæр. Зон, ирон адæмы фарн хистæрæй кæстæрмæ кæй цæуы, æмæ фидæны дæ кæстæртæ уыцы фарн дæумæ кæй агурдзысты. Ма йæ фесаф! Бахъахъхъæн æй цæсты гагуыйау! Ма фæкæн дæхи æлгъыстаг уыцы кæстæртæн!
— Ма æрлæу бинонты æгъдау халджыты æмрæнхъ. Макуы райхъуысын кæн дæ хæдзарæй хъæр ныхас, загъды уынæр. Уый нае адæммæ уыдис худинаг. Аргъ кæн дæ ныййарджытæн, дæ цардæмбалæн, дæ бинонтæн.
— Зон дæ кæстæртæн раст зонд бацамонын, сæ адæмы уидæгтыл фидар баст куыд уой, сæ Райгурæн бæстæйыл — æнувыд. Саби фыццаг ныййарджыты бафæзмыны, æмæ дæ кæстæртæн кæддæриддæр у хорз æгъдау æвдисæг. Бирæ кæстæртæ хæдзары амонд æмæ фидауц сты, фæлæ уыимæ дæ зæрдыл дар, уыдон нæ Иры фидæн дæр кæй сты.
— Дæ адæмы фарнимæ дæ фыццаджыдæр бæтты нæ ирон æвзаг. Уый нæ æгæрон хæзнадонæн йæ бахизæн дуары дæгъæл у. Ма йыл атигъ кæн дæхи!Æдæрсгæ дзур, кæс æмæ фысс иронау! Кæд йыл дæ уавæрты фæрцы, кæнæ ныййарджыты рæдыдæй афоныл нæ фæцалх дæ, уæд ныр хъуыддаг æрмæстдæр дæхицæй аразгæ у. Алкæй бон дæр у хи хъаруйæ йæ мадæлон æвзаг сахуыр кæнын.
— Ирон фынгæн стыр нысан ис. Уый у нæ кувæндон. Зон ирон фынджы æгъдæу, æмæ уымæ гæсгæ дæхи дар алы бадты мидæг дæр! Дæ зæрдыл бадар, ирон адæм хæрд æмæ нозтыл зыд нæ кодтой, зыдтой дзы бæрц. Расыггæнæг уыдис худинаг, зарæггаг. Карз нозт æгъдаухалæг у, нæ сафæг. Маргау ахъардта на адæмы тугдадзинты æмæ нæ иугай цæгъды. Æппæтæй хуыздæр, дæ къух йыл бынтон куы сисай, уый. Незамантæй, бæгæны уыдис нæ адæмы кадджындæр нозт. Хорз аргъ кодтой къуымæлæн дæр. Дунейы адæмтæй никæцы нуазы водка дзаг агуывзæтæй. Уый нымайынц хъæддаг мийыл. Никуы уыдис махмæ дæр ахæм æгъдау. Æмæ афтæ чи зæгъы, ирон фынджы уæлхъус æрмæстдæр карз нозтæй кувгæ у, уый ирон æгъдауæн æппындæр ницы æмбары. Никæцы æгъдау халы, ирон фынджы уæлхъус бадгæйæ лæмæгъ сæн, бæгæны, къуымæл кæнæ дон чи нуазы, уый. Æгъдаухалджытæ сты гуыбындзæлтæ æмæ расыггæнджытæ. Абон уыдонæй бирæтæ уынаффæгæнджытæ систы. Хатгай бадынц хистæрæн, нозтæй тых кæнынц, халынц ирон æгъдауы бындурон фæтк. Ма хъус ахæмтæм, ирон æгъдауы фæрæзтæй сын зон уæзданæй, фæлæ фидарæй ныхкъуырд дæттын!
Дуне чи сфæлдыста, Стыр Иунæг Цытджын Хуыцау, табу Дæхицæн! 💪
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Ирон хæдзарæй фыдæй-фыртмæ ныййарджытæ сæ цоты адæмы 'хсæнмæ хъуамæ æрвитой æрмæстдæр иу ныстуанимæ:
«Худинаджы бæсты — мæлæт хуыздæр!».
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Ирон æфсарм Хуыцау макуы байсæд!
Фыдæлтæ Хуыцау, йе сконд зæдтæ æмæ дауджытæм куывтой бахъуыды заман, фæлæ сын æмхуызон нымад нæдæр афонæй уыдысты, нæдæр бынатæй. Зæдтæм амыдтой комкоммæ сæрмагонд нæмттæй æмæ сын арæзттой кувæндæттæ — дзуæрттæ. Уыдысты сын уæларвон æмæ зæххон, дзырдтой сæм бардуагæй, ахстой бæрæгæй бæрзонд æмæ ныллæг бынæттæ, тахтысты базырджынтæй уæлæрвты, фæлгæсыдысты фылдæр бæрзондæй ныллæгмæ. Дауджытæ бадтысты ныллæджыты æмæ сын нæмттæ нæ уыд. Уыцы уырнынады, æмбарынадыл хъуыстысты фыдæлты ныхæстæ, кувыны хъуыдытæ афон æмæ бынат хынцгæйæ ахæм хуызты: хохы зæдтæ æмæ быдыры дауджытæ; зæдтæ æмæ дауджытæ; изæры зæдтæ æмæ æхсæвы дауджытæ; сæумæйы зæдтæ æмæ æхсæвы дауджытæ; уæларвон зæдтæ æмæ зæххон дуæгтæ; цы зæд, цы дуаг дæ, ахъаз бакæн!

Зæды номæй дзырдтой бæрæг бынæттæм — Сæрзæд, Хъæуызæд. Дуаджы номæй уыцы хуызы нæ дзырдтой. Уæдæ зæдтæ фыдæлтæн тахтысты хохæй хохмæ, дзуарæй дзауармæ. Дуаг æртахти, зæгъгæ, никуы дзырдтой, нæдæр йын фехъусæн уыди, уымæн æмæ фыдæлтæн дуæгтæ-дауджытæ уыдысты зæххон, æмæ тæхгæ нæ кодтой. Зæдтæй иутæ цардысты уæлæрвты (Аларды, Йелиа, Уастырджы, Куырдалæгон, Хуртыхурзæрин), иннæтæн сæ бынæттæ уыдысты зæххыл (Фæлвæра, Тутыр, Уацилла, Ӕфсати, Сафа, Сæрызæд, Хъæуызæд, Бынатыхицау, Мадиз).

Дауджытæ уыдысты зæххон æмæ бадтысты, змæлыдысты сæ кувæг адæмы кусæн, улæфæн, цæуæн æмæ кувæн бынæттæм хæстæджыты æмæ хъуыстой алы афæтты царды хъæрмæ, змæлдмæ.

Уыдон дæр зæдты хуызæн Хуыцауы фæндонæй афæдз цыппар хатты бадтысты тæрхæтты-уынаффæтты.

Дауджыты ссарынц уыдонæн сегасы нæмттæ дæр. Бæрæгбонæн йæ ном дæр йæ уæлæ ис — равзæрдис дзырд дуагæй (идауæг). Рагон ирайнæгтæм уый нысан кодта "æрвон тых".
2024/12/22 02:28:04
Back to Top
HTML Embed Code: