tgoop.com/edinayaosetia/689
Create:
Last Update:
Last Update:
Зынаргъ æмбæстæгтæ!
Тагъд йæ бартæ райсдзæн ног, 2025 аз. Алы бинонтæ дæр фæбæллынц æнæниздзинад, бæркад, амондмæ æмæ ног азимæ уæ хæдзæртты æрбынат кæнæнт. Ног аз фарны къах бавæрæд уæ алкæй хæдзармæ дæр! Ног хæрзтæ, ног амæндтæ уын æрбахæссæд.
Зæронд аз йемæ ахæссæд фыдбылызтæ, мæстытæ æмæ низтæ, хорзæй дзы цы уыд, уыдон та 2025 азы афтæ ныппарахат уæнт, алчидæр дзы разыйæ куыд баззайа. Дуне сабыр куыд уа, афтæмæй алкæй дæр рæстæджы хорзæх уæд. Уæ куысты бæркадæй уæ уды бæркад фылдæр куыд кæна. Цæмæй тæрсут, уымæй хызт куыд уат, цæмæ бæллут, уымæй та – хайджын.
Фæрнджын, бæркадджын æмæ йæ амондджын аз фæкæнæд Хуыцау Ирыстоны адæмæн!
Ног азы хорзæх уæ уæд, мæ зынаргъ ирон адæм!
@edinayaosetia
BY РПП "Единая Осетия"
Share with your friend now:
tgoop.com/edinayaosetia/689