IRONARGHAW Telegram 2788
Зыд.
Симæ, Мысост æмæ Къола ацыдысты хъæдмæ мæнæргъытæ тонынмæ. Мæнæргъы къутæртӕм Къола фæраздæр. Мысост æмæ Симæ дæр куы бахæццæ сты, уæд сæм дзуры:
— Мæнæ ацы къутæр мæн у! Уæртæ уыцы къутæр дæр мæн у!
Симæитæ æндæр къутæртæ агурынмæ уæлæмæ фæцæйцыдысты, фæлæ та сæм Къола хъæр кæны:
— Уа-а-лæ уыцы къутæр дæр мæн у!
Уæд Симæ æмæ Мысост, сæ дæле цы къутæртæ уыд, уырдæм азгъордтой.
— Уыдон дæр мæн сты! Æз сæ раздæр федтон,— хъæр та кæны Къола.
Симæ æмæ Мысост дзыхълæуд фæкодтой.
— Уæдæмæ цом нæхимæ!— рамæсты ис Симæ.
— Цом!— сразы ис Мысост дæр.
Сæ чыргъæдты иунæг мæнæргъыйы гага дæр нæ, афтæмæй рацыдысты. Къола сын сæ ацыд дæр нæ базыдта. Фырзыдæй йæ йе 'мбæлттæм кæсынмæ дæр не 'вдæлд. Куы базыдта Къола йе 'мбæлтты ацыд, уæд тынг фæтарст æмæ хъæлæсы дзаг ныцъцъæхахст кодта йе 'мбæлттæм. Фехъуыст æм æмбæлтты хъæр: «Зыдыка, цы кæныс ды та æмбалæй?!»

#радзырд

tgoop.com/ironarghaw/2788
Create:
Last Update:

BY IRON ARGHAW

Share with your friend now:
tgoop.com/ironarghaw/2788

View MORE
Open in Telegram

Telegram News

Date: |

In the “Bear Market Screaming Therapy Group” on Telegram, members are only allowed to post voice notes of themselves screaming. Anything else will result in an instant ban from the group, which currently has about 75 members. Clear How to Create a Private or Public Channel on Telegram? Telegram channels fall into two types: 5Telegram Channel avatar size/dimensions
from us

Telegram IRON ARGHAW
FROM American