IRONAU_ONLINE Telegram 2802
Forwarded from СапÆ
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
5G бастдзинады мӕсыджы фӕстиуджытыл хъуыды кӕнгӕйӕ, Дзӕуджыхъӕуы уынгтӕй иуы цӕрджытӕ йӕ ӕвӕрын нӕ бауагътой

🔻Инӕлар Дзусаты Ибрагимы уынджы цӕрджытӕ сӕ хӕдзӕрттӕм хӕстӕг бастдзинады мӕсыг ӕвӕрын нӕ бауагътой. Кусджытӕ 10 сахатмӕ ссыдысты, фӕлӕ уӕдмӕ адӕм ӕмбырд кӕнын райдыдтой ӕмӕ иууылдӕр уыдысты ацы уынаффӕйы ныхмӕ. Афтӕ изӕрмӕ иу иннӕмӕн нӕ куымдта, изӕры та кусджыты бахъуыд, цы дзыхъхъ скъахтой, уый фӕстӕмӕ зӕххимӕ сӕмхуызон кӕнын.

💬 «Фӕндыд сӕ ам 5G сӕвӕрын. Нӕ сӕ бауагътам. Алчидӕр нӕ йӕ цотӕн тӕрсы. Ам скодтой фӕлладуадзӕн бынат, алчидӕр ардӕм баулӕфынмӕ ӕрбацӕуы, сывӕллӕттӕ дзы фӕхъазынц. Абон сын ницы рауад, куыддӕртӕй нӕ къухы бафтыд», — зӕгъынц цӕрджытӕ.

Дзӕуджыхъӕуы администрацийы «Сапӕ»-йӕн куыд загътой, афтӕмӕй компани «ЭНЕРГОСЕРВИС» бастдзинад фӕхуыздӕр кӕнынӕн цы кабель ӕвӕрынмӕ хъавыд, уыцы куыстыты тыххӕй зыдтой ӕмӕ сын бар лӕвӕрд уыдис. Бастдзинады мӕсыг сӕвӕрынӕн сын Дзусы-фырты номыл уынджы 10 азы 'мгъуыдмӕ радих кодтой 0,0004 га зӕххы хай.

«ЭнергоСервис»-ы хицау Александр Шаблевский «Сапӕ»-йӕн куыд бамбарын кодта, афтӕмӕй сын абоны цау зиан ӕрхаста 300 мин сомы.

💬 «Бастдзинады мӕсыг у, уый чи загъта? У телыхъӕд. Ис ын дыууӕ нысаниуӕджы. Фыццаг — ӕнӕнхъӕлӕджы цауты рӕстӕг хъусынгӕнӕн фӕрӕз, дыккаг та — цӕмӕй районы хорз бастдзинад уа, уымӕн. Дзӕуджыхъӕуы закъонтӕ ӕххӕстгонд цӕуылнӕ цӕуынц? Куыстыты агъоммӕ ӕппӕт хъӕугӕ уагдӕттыл ӕрзылдыстӕм: горӕты администраци, Роспотребнадзор ӕмӕ а. д. Баныхас кодтам, алцыдӕр бацӕттӕ кодтам. Ныртӕккӕ пъӕлицӕмӕ хъаст фыссын. Мӕ зӕрды ис тӕрхондонмӕ дӕр бахъаст  кӕнын. Чи нӕ бахъыгдардта, уыдон нын нӕ хӕрдзтӕ куыд бафидой», — зӕгъы Александр Шаблевский.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM

tgoop.com/ironau_online/2802
Create:
Last Update:

BY Новая школа осетинского языка

Share with your friend now:
tgoop.com/ironau_online/2802

View MORE
Open in Telegram

Telegram News

Date: |

Telegram message that reads: "Bear Market Screaming Therapy Group. You are only allowed to send screaming voice notes. Everything else = BAN. Text pics, videos, stickers, gif = BAN. Anything other than screaming = BAN. You think you are smart = BAN. During a meeting with the president of the Supreme Electoral Court (TSE) on June 6, Telegram's Vice President Ilya Perekopsky announced the initiatives. According to the executive, Brazil is the first country in the world where Telegram is introducing the features, which could be expanded to other countries facing threats to democracy through the dissemination of false content. Ng, who had pleaded not guilty to all charges, had been detained for more than 20 months. His channel was said to have contained around 120 messages and photos that incited others to vandalise pro-government shops and commit criminal damage targeting police stations. The court said the defendant had also incited people to commit public nuisance, with messages calling on them to take part in rallies and demonstrations including at Hong Kong International Airport, to block roads and to paralyse the public transportation system. Various forms of protest promoted on the messaging platform included general strikes, lunchtime protests and silent sit-ins. Clear
from us

Telegram Новая школа осетинского языка
FROM American