tgoop.com/mahduuug/4447
Last Update:
АФТӔ ДӔ ЦӔМӔН УАРЗЫН?
БАГАТЫ Лади
Афтӕ дӕ цӕмӕн уарзын, Ирыстон?!
Кӕд, мыййаг, дӕ хъарм цӕссыджы 'ртах,
Сабийӕ дӕ аргъӕуттӕм куы хъуыстон,
Уӕд мӕнӕн мӕ зӕрдӕмӕ ныттагъд...
Кӕд, мыййаг, дын банызтон дӕ рынтӕ
Суадоны был дойныйӕн кӕддӕр...
Кӕд ӕдзух дӕу ф' агурын мӕ фынты
Ӕмӕ дӕ нӕма ссардтон уӕддӕр?
Афтӕ дӕ цӕмӕн уарзын, Ирыстон?!
Кӕд дӕ фӕз, дӕ урссӕр хӕхты уынд,
Дард балцы ӕнкъард бонтӕ куы 'рвыстон,
Уӕд ӕдзух мӕ цӕсты раз лӕууыд?
Цас бӕстӕтыл азылдтӕн дӕ фӕстӕ:
Ӕрдз, хӕзнайӕ, алцӕмӕй — ӕххӕст.
Нӕ, уӕддӕр мӕ Райгуырӕн хӕхбӕстӕй
Атонын нӕ бакуымдта мӕ цӕст.
Не ссардтон рӕсугъддӕр арв мӕ сӕрмӕ, —
Зӕхх — цӕрынӕн, бануазынмӕ — дон.
Искӕй хорз ном не 'рхастон мӕ сӕрмӕ,
Уыд мӕ ном кӕддӕриддӕр хӕххон...
Кадылмӕлӕг, балцмондаг, зындзӕрӕн,
Хӕхты 'гъдӕуттыл — тохгӕнӕг ӕдзух,
Хистӕрӕн — лӕггадгӕнӕг, кӕстӕрӕн —
Зондамонӕг — цас ӕххӕсса къух.
Афтӕ дӕ цӕмӕн уарзын, Ирыстон!?
Кӕд дӕ кӕмтты 'рра дӕттӕн кӕддӕр
Радгӕсӕй сӕ зарӕгмӕ куы хъуыстон,
Уӕд мӕ хъусты баззади сӕ хъӕр...
Бафтыди уӕдӕй мӕ фӕдыл зарӕг
Ӕмӕ ма йын аскъуынӕн кӕм ис!
Куы — идӕдзы "А-лол-лай”-ы хъарӕг,
Куы — Къостайы "Додой"-ы фӕдис.
О, тӕхуды, ныр Ацӕмӕз сарӕхс!
Иры фарнӕн удӕвдзӕй ныззар,
Иры цинтӕ хуры рухсмӕ рахӕсс,
Иры рынтӕ дымгӕтӕм ныддар!
#журналмахдуг
BY ЖУРНАЛ "МАХ ДУГ"

Share with your friend now:
tgoop.com/mahduuug/4447