tgoop.com/mahduuug/4473
Last Update:
Чырыны разӕй кӕстӕрты ӕрвитынӕмбӕлы?
Уыцы фӕтк телевизорӕй райстам. Ӕвӕццӕгӕн, ӕгъдау чи нӕ зыдта, уыдонмӕ афтӕ рӕсугъддӕр фӕкастис, ӕмӕ ӕгъдауы мидисыл сӕ къух ауыгътой. Мӕскуыты ӕмӕ фӕсарӕнты марды разӕй рахӕссынц йӕ ныв (портрет), веноктӕ, чырыны сӕр, хӕрзиуджытӕ. Фӕлӕ уыдон мах зондӕй, мах ӕгъдауӕй нӕ цӕрынц. 40-50 азы размӕ дӕр ма Ирыстоны чырыны разӕй ничи цыд. Уымӕн ӕмӕ, нӕ фыдӕлты дунембарынадмӕ гӕсгӕ, мард йӕ хӕдзарӕй рацӕуы йе ‘нусон фӕндагыл. Уыцы фӕндагыл йӕ разӕй хъуамӕ мачи цӕуа. Хӕдтулгӕтыл иу чи цыд, уыдон дӕр урӕдтой ӕмӕ фæндаджы был тӕфӕрфӕсгӕнӕгау лӕууыдысты. Кӕстӕрты чырыны разӕй ӕрвитын уыдонӕн ӕлгъыстӕй уӕлдай нӕу. Нӕ фыдӕлтӕ се’гъдау телевизорӕй нӕ истой, иннӕ адӕмты нӕ фӕзмыдтой, ӕмӕ куыд раздӕр аппарӕм ацы фӕтк, афтӕ хуыздӕр.
BY ЖУРНАЛ "МАХ ДУГ"
Share with your friend now:
tgoop.com/mahduuug/4473