IRONSAPA Telegram 2704
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
🔻Адӕмы уырнынадмӕ гӕсгӕ, уыцы ӕхсӕв суӕрттӕм ӕмӕ цӕугӕдӕттӕм вӕййы алӕмӕты тыхы миниуджытӕ. Чырыстон дины кусджытӕ скувынц Хуыцаумӕ ӕмӕ доныл дзуӕрттӕ бафтауынц. Алчидӕр тырныдта уыцы сыгъдӕг донӕй йӕ хӕдзармӕ раскъӕфынмӕ. Бӕрӕгбон дӕр Доныскъӕфӕн уымӕн хуыйны. Ацы сыгъдӕг бӕрӕгбонмӕ бирӕ адӕм фенхъӕлмӕ кӕсынц.

▫️Чырыстон дин куыд амоны, афтӕмӕй тъӕнджы мӕйы 18-19 боны ӕхсӕвы ӕмӕ ӕгас бон дӕхи цыфӕнды уазал доны куы ныннайай, уӕддӕр нӕ фӕрынчын уыдзынӕ. Уый нӕ, фӕлӕ ма фенкъарынц цавӕрдӕр удӕнцой, зӕгъӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм ӕнкъарӕнтӕ. 

▫️Уыд ахӕм фӕтк дӕр, ӕмӕ-иу Ног азы скодтой бирӕ алыхуызон басылтӕ ӕмӕ-иу сӕ Доныскъӕфӕн бонмӕ нывӕрдтой. Райсом раджы-иу ног чындз — хӕдзары ног чындз нӕй, уӕд та чызджытӕй кӕнӕ сылгоймӕгтӕй исчи — басылтӕ райста ӕмӕ донмӕ ацыд. Цас раздӕр ацыдаид, цас раздӕр ӕрбахастаид дон, уыйас хуыздӕр. Aдӕммӕ афтӕ каст: Доныскъӕфӕнты дон раздӕр чи ӕрбахӕсса, уыцы бинонтӕ амондджындӕр уыдзысты, уыдоны Хуыцауы хорзӕх уыдзӕн. 

▫️Донмӕ ӕрбацӕугӕйӕ-иу дондзау скуывта. Хуыцау ӕмӕ-иу зӕдтыл бинонты фӕдзӕхста, афтӕмӕй-иу, йемӕ цы басылтӕ ӕрбахаста, уыдоны сӕртӕ, цыхт, хор кӕнӕ задын тыппыронтӕ доны ӕппӕрста. Ома, кӕмдӕр цӕрынц доны чызджытӕ ӕмӕ сын барст фӕуӕнт, афӕдзы дӕргъы сын сӕ бинонтӕн ӕххуыс кӕнӕнт, хъуаг куыд ницӕмӕй ӕййафой. 

📄 Донмӕ цӕугӕйӕ ӕмӕ фӕстӕмӕ здӕхгӕйӕ дондзау ницы дзырдта. Ӕнӕдзургӕйӕ-иу донӕй хӕдзары пъол, къултӕ ӕмӕ къуымтӕ бапырх кодта. Стӕй бинойнӕгты хъал кодта ахӕм ныхӕстӕй: «Сыстут, ӕз уын мыды хуызӕн ӕмӕ сойджын дон ӕрбахастон». Уый фӕстӕ-иу бинонтӕн байуӕрста, цы басылтӕ ӕмӕ тыппыронтӕ йӕм баззад, уыдон. Уыцы донӕй-иу скодтой кувинӕгтӕ, бинойнӕгтӕ-иу дзы сӕхи дӕр цӕхсадтой. Уый фӕстӕ-иу ӕй истӕм ныккодтой, ӕфтыдтой йӕм ӕмӕ йӕ азы дӕргъы хардз кодтой.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM

tgoop.com/ironsapa/2704
Create:
Last Update:

BY СапÆ

Share with your friend now:
tgoop.com/ironsapa/2704

View MORE
Open in Telegram

Telegram News

Date: |

Users are more open to new information on workdays rather than weekends. Telegram message that reads: "Bear Market Screaming Therapy Group. You are only allowed to send screaming voice notes. Everything else = BAN. Text pics, videos, stickers, gif = BAN. Anything other than screaming = BAN. You think you are smart = BAN. How to Create a Private or Public Channel on Telegram? Find your optimal posting schedule and stick to it. The peak posting times include 8 am, 6 pm, and 8 pm on social media. Try to publish serious stuff in the morning and leave less demanding content later in the day. The visual aspect of channels is very critical. In fact, design is the first thing that a potential subscriber pays attention to, even though unconsciously.
from us

Telegram СапÆ
FROM American