Зынгæ поэт Хъодзаты Æхсар йе 'мдзæвгæйы «зондцухты тырыса» цы схуыдта?
Anonymous Quiz
15%
Хъæбатырдзинад
37%
Схъæлдзинад
23%
Æнæмæт зæрдæ
24%
Уарзондзинад
Революционер Айдарты Знауыры бюстыл фыстытӕ сраст кодтой
🔻 Йӕ амӕлæты аз раст фыст кӕй нæу, уый-иу бафиппайдтой, Ирыстоны зындгонд адӕмы бюстты аллеймӕ чи ӕрбацыд, уыдон. Хъуыстгонд революционер амард 1919 азы, амынд та дзы уыдис 1912 азы 15 ноябрь.
Скульптор Дзукъаты Николайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, рӕдыд сраст кӕныны хӕс йӕхимӕ райста, аллейы фарсмӕ цы къофицымӕн кафе ис, уый хицау Санахъоты Азӕмӕт. Тынг бузныг дзы у.
➡️ «Сапӕ» куыд фыста, афтӕмӕй аллей байгом кодтой 2023 азы. Ӕппӕт хӕрдзтӕ йӕхимӕ райста ӕмӕ проект сӕххӕст кодта ӕхсӕнадон организаци «Аланты Ныхас»-ы Мӕздӕджы хайады разамонӕг ӕмӕ меценат Гуцъаты Фридон.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Скульптор Дзукъаты Николайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, рӕдыд сраст кӕныны хӕс йӕхимӕ райста, аллейы фарсмӕ цы къофицымӕн кафе ис, уый хицау Санахъоты Азӕмӕт. Тынг бузныг дзы у.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Абоны цаутыл афӕлгӕсгӕйӕ, уӕ цӕст цавӕр ныхӕстыл ӕрхӕцыд?
➡️ Ацы изӕр уӕ зонгӕ кӕнӕм ног дзырдимӕ — хъомылгӕнӕг.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Алы райсом пайдаимӕ!
📆 Кӕд цард чиныг у, уӕд йӕ бонтӕ — сыфтӕ. Чиныджы сыфтыл та ӕмбисӕндтӕ дӕр вӕййы.
#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
📺 Хорз лӕппуйӕ-иу исчи куы 'ппӕлыд, уӕд арӕх фехъусӕн уыд, джигит лӕппу, зӕгъгӕ. Хуымӕтӕг ныхас, фӕлӕ бирӕтӕн йӕ фехъусын ӕхсызгон уыдис. Ацы лӕппу-джигиты ном та айхъуыст ӕгас бӕстӕйыл. «Маленький джигит»-ы вокалон къорды зарын та кӕй нӕ фӕндыд, ахӕм стӕм разындаид. Телеуынынадмӕ кӕсджытӕн дӕр уарзон уыдысты. Азтӕ рацыдысты, фӕлӕ аивады хӕзнадоны ссарӕн ис сӕ музыкалон номыртӕй иу.
#аивады_хӕзнадон
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
#аивады_хӕзнадон
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Алы райсом пайдаимӕ!
📆 Кӕд цард чиныг у, уӕд йӕ бонтӕ — сыфтӕ. Чиныджы сыфтыл та ӕмбисӕндтӕ дӕр вӕййы.
#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Уыци-уыци: хæссынæн — æнцон, нымайынæн — зын
Anonymous Quiz
11%
Хъæдур
22%
Хæстæ
52%
Сæрыхил
15%
Мысинæгтæ
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Алы райсом пайдаимӕ!
📆 Кӕд цард чиныг у, уӕд йӕ бонтӕ — сыфтӕ. Чиныджы сыфтыл та ӕмбисӕндтӕ дӕр вӕййы.
#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Зооволонтертӕ фӕнд кӕнынц республикӕйы хӕдзарон цӕрӕгойты иумӕйаг реестр саразын
🔻 Бахӕсдзысты йӕм, ветеринарон клиникӕтӕм стерилизацимӕ кӕй ӕрбахӕссынц, уыцы цӕрӕгойты. Афтӕмӕй фадат уыдзӕн, уый фӕстӕ сӕ уынджы чи ныууадзы, уыцы хицӕуттӕм цӕст дарынæн ӕмӕ сӕ ивар кӕнынæн. Ацы хъӕппӕрис волонтертӕ республикӕйы разамындмӕ цалдӕр азы размӕ фӕхӕццӕ кодтой. Фӕстӕдӕр ахӕм хъуыды уыд президенты уынаффӕты дӕр, фӕлӕ республикӕйы ӕххӕстгонд нӕма цӕуы.
💬 «Чиптӕ бирӕ регионты кӕнынц. Уыцы фӕтк хорз ныффидар. Фӕлӕ президенты уынаффӕтӕ иу-2021 азы ӕххӕст кӕнын куы райдыдтаиккой, уӕд ныртӕккӕ уынгты дзӕгъӕл куыйтӕ дыууӕ хатты къаддӕр уаиккой. Ныр ууыл нӕ архайынц, фӕлӕ се 'ргом фылдӕр эвтаназимӕ аздӕхтой. Афтӕмӕй та закъонмӕ гӕсгӕ уый ӕппынфӕстаг мадзал у», — зӕгъы ӕнӕкоммерцион иугонд «Стоп бездомности»-йы саразӕг Светлана Алимова.
Светанӕ куыд зæгъы, афтæмæй адӕмы сразӕнгардгӕнӕн ис стерилизаци льготӕтӕм гӕсгӕ кӕнынӕй. Ныртӕккӕ уыцы хъуыддаг ӕрӕнцад волонтерты уӕхсчытыл.
💬 «Ацы фарстайыл дыууӕ азы йеддӕмӕ нӕма кусӕм — фыццаг хатт нӕм "Ветеринарный альянс. Регионы"-йы проекты волонтертӕ куы ссыдысты, уӕдӕй фӕстӕмӕ. Фӕлӕ дзӕгъӕл куыйтӕ къаддӕр нӕ кӕнынц. Республикӕйы ӕнӕмӕнг хъӕуы социалон рекламӕ, фӕлӕ йӕ ничи кӕны», — радзырдта Светланӕ Алимова.
➡️ Сылгоймаг ӕмӕ йе 'мкусджыты уырны, цалдӕр азмӕ дзӕгъӕл цӕрӕгойты нымӕц дзӕвгар фӕкъаддӕргӕнӕн кӕй ис, уый. Уый тыххӕй та фыццаджы-фыццагдӕр хъӕуы ӕппӕт дзӕгъӕл цӕрӕгойтыл чиптӕ сфидар кӕнын ӕмӕ сæ стерилизаци скӕнын.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Светанӕ куыд зæгъы, афтæмæй адӕмы сразӕнгардгӕнӕн ис стерилизаци льготӕтӕм гӕсгӕ кӕнынӕй. Ныртӕккӕ уыцы хъуыддаг ӕрӕнцад волонтерты уӕхсчытыл.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
«Осфарммедтех»-ы разамонджытыл байгом кодтой 13 ног уголовон хъуыддаджы
🔻 Паддзахадон организаци ӕмӕ бадзырдтӕ фыссӕн службӕйы разамонджыты азымджын кӕнынц сӕ барты сӕрты ахизынӕй. Уый тыххӕй фехъусын кодтой Ӕдасдзинады федералон службӕйы.
Слестгӕнджыты хъуыдымӕ гӕсгӕ, 2022-2023 азты хостӕ ӕмӕ медицинон дзаумӕттӕ ӕлхӕнгӕйӕ, дих кодтой бадзырдтӕ ӕмӕ барӕй бӕрзонддӕр ӕргътӕ фыстой. Афтӕмӕй регионы бюджетӕн зиан ӕрхастой 30 милуан сомӕй фылдӕр.
Организацийы разамонӕг у хӕдзары ахст, уголовон хъуыддаджы дыккаг архайӕг та ис хъахъхъӕнджыты къухты.
➡️ Фарон октябры «Осфарммедтех»-ы ӕнӕзакъон миты тыххӕй байгом кодтой дыууӕ уголовон хъуыддаджы.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Слестгӕнджыты хъуыдымӕ гӕсгӕ, 2022-2023 азты хостӕ ӕмӕ медицинон дзаумӕттӕ ӕлхӕнгӕйӕ, дих кодтой бадзырдтӕ ӕмӕ барӕй бӕрзонддӕр ӕргътӕ фыстой. Афтӕмӕй регионы бюджетӕн зиан ӕрхастой 30 милуан сомӕй фылдӕр.
Организацийы разамонӕг у хӕдзары ахст, уголовон хъуыддаджы дыккаг архайӕг та ис хъахъхъӕнджыты къухты.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Эксперттӕ ӕркӕсдзысты ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы ахуыргӕнӕн чингуытӕ
🔻 Ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйӕ 13 ахуыргӕнӕн чиныджы 11 февралы арвитдзысты федералон экспертизӕмӕ, цӕмӕй сӕ ахуырадон чингуыты номхыгъдмӕ бахӕссой ӕмӕ сӕ ныммыхуыр кӕной, уый тыххӕй. Ахӕм хъусынгӕнинаг абон сарæзта республикӕйы ахуырады министр Алыбегты Эллӕ.
Эксперттӕ аргъ кӕндзысты райдиан, бындурон ӕмӕ астӕуккаг ахуырады ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы чингутӕн.
➡️ Куыд ма хъусын кодтам, афтӕмӕй декабры та Уӕрӕсейы рухстауӕн министрады экспертизӕ ацыд «Цӕгат Ирыстоны истори» ахуыргӕнӕн чиныг. Ныр ис рауагъдады.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Эксперттӕ аргъ кӕндзысты райдиан, бындурон ӕмӕ астӕуккаг ахуырады ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы чингутӕн.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Цӕгат Ирыстоны ноггуырдтӕн хъӕугӕ дзаумӕтты ӕмбырдтӕ рӕстӕгмӕ нал дӕттынц
🔻 Ног азы онг ахӕм ӕмбырдтӕ лӕвӕрдтой алы ноггуырды ныййарӕгӕн дӕр. 2025 азӕй ныййарджытӕ хъаст кӕнынц, кӕй сын сӕ нӕ радтой, уымæй.
Республикӕйы фӕллойы ӕмӕ социалон рӕзты министрады «Сапӕ»-йӕн куыд радзырдтой, афтӕмӕй сӕ рӕстӕгмӕ нал дӕттынц. Аххосаг — ног домӕнтӕ. Ныр комплектты хъуамӕ уой ӕрмӕстдӕр нӕ бӕстӕйы конд дзуамӕттӕ.
💬 «Сӕрмагонд аукционты уӕйгӕнджытӕ сбӕрӕг уыдзысты, семӕ бафысдзысты паддзахадон бадзырдтӕ ӕмӕ сæ уӕд фондз боны 'мгъуыдмӕ хъуамӕ фӕхӕццӕ кӕной», — бамбарын кодта фӕллойы ӕмӕ социалон рӕзты министры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Мамайты Анжелӕ.
➡️ Комплекттæ дӕттын райдайдзысты мартъийы. Фӕхӕццӕ сӕ кӕндзысты, январы чи райгуырд, уыцы сывӕллӕттӕм дӕр. Ис дзы, ноггуырдты æмæ ӕртӕ мӕйы онг кæуыл цæуы, ахæм сывæллæтты чи бахъӕуы, уыцы дзаумӕттӕ.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Республикӕйы фӕллойы ӕмӕ социалон рӕзты министрады «Сапӕ»-йӕн куыд радзырдтой, афтӕмӕй сӕ рӕстӕгмӕ нал дӕттынц. Аххосаг — ног домӕнтӕ. Ныр комплектты хъуамӕ уой ӕрмӕстдӕр нӕ бӕстӕйы конд дзуамӕттӕ.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Æртхъирӕны мӕй (Февраль)
🔻 Латинаг ӕвзагыл амоны хи ссыгъдæггæнæн. Рагон Ромы-иу ацы мæй уыд афæдзы райдайæн æмæ-иу адӕм зæронд азæй сæхи сыгъдæг кодтой. Ацы дины архайд та хуынд «Фебруарий» — сыгъдæггæнæн. Уымæ гæсгæ фæзынд мæйы ном — февраль.
Ирон адæм та йæ зонынц ӕртхъирæны мæйæ. Цæмæн афтӕ хуыйны, уый тыххӕй ис сæрмагонд таурæгъ.
📄 Кæддæр, дам, февралы фæстаг бон фыййау бацин кодта, зымæг кæй фӕвӕййы ӕмӕ йæ фосæн æххормагæй фесæфынæй тас кæй нал у, ууыл. Миты бын цъæнут дæр хæрдзысты, зæгъгæ. Æмæ йӕ уадындзӕй ныццагъта. Уый февралмæ хъыг фæкаст, нæ тæрсы, зæгъгæ. Æмæ йæм бартхъирæн кодта, фæлæ йын йæ бон ницыуал уыд — йæ рæстæг фæци. Уæд мартъийӕн балӕгъстӕ кодта, æртæ боны дзы ракуырдта фыййауæй йæ маст райсынæн — æз, дам, ын йæ фос æххормагæй аскъуынон.
Мартъи сразы… Уыцы æртæ боны ахæм хъызт-тымыгъ скодта, æмæ йæ фындз дæр æддæмæ ничи дардта. Фыййау æрхъуыдыджын разынд: хæлын дзæкъулы гæды нывæрдта æмæ йæ фосдарæн скъæты бæрзонд сауыгъта. Гæды иудадзыг архайдта дзæкъулæй раирвæзыныл æмæ, хæлыны хыбар-хыбурæй тæрсгæйæ, фос æртæ æхсæв-боны сынæр не сцагътой æмæ нæ сæххормаг сты. Афтæмæй аирвæзтысты.
▫️ Февраль кæронмæ куы фæцæйхæццæ кæны, афтæ адæм уалдзæджы комулæфт банкъарынц. Ахӕм ныхас дӕр ма баззад: «Зымæгæн йæ хъару фæци — цигайнаг йæ кæрц уæймæ рахаста».
▫️ Æртхъирæны мæй ма ирон адæм хонынц комахсæны æмæ фæндагкъулгæнæн мæй дæр. Ном «комахсæн» у динимæ баст, фæндагкъулгæнæн та амоны, хæхбæсты бирæ мит кæм уарыд, уым фæндæгтæ акæныны рæстæг.
#мӕйты_нӕмттӕ
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Ирон адæм та йæ зонынц ӕртхъирæны мæйæ. Цæмæн афтӕ хуыйны, уый тыххӕй ис сæрмагонд таурæгъ.
Мартъи сразы… Уыцы æртæ боны ахæм хъызт-тымыгъ скодта, æмæ йæ фындз дæр æддæмæ ничи дардта. Фыййау æрхъуыдыджын разынд: хæлын дзæкъулы гæды нывæрдта æмæ йæ фосдарæн скъæты бæрзонд сауыгъта. Гæды иудадзыг архайдта дзæкъулæй раирвæзыныл æмæ, хæлыны хыбар-хыбурæй тæрсгæйæ, фос æртæ æхсæв-боны сынæр не сцагътой æмæ нæ сæххормаг сты. Афтæмæй аирвæзтысты.
#мӕйты_нӕмттӕ
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Уæлладжыры комы Уастырджийы монумент кæцы азы бакодтой?
Anonymous Quiz
14%
1978
18%
1989
53%
1995
16%
2000