IRONSAPA Telegram 2863
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Æртхъирӕны мӕй (Февраль)       

🔻Латинаг ӕвзагыл амоны хи ссыгъдæггæнæн. Рагон Ромы-иу ацы мæй уыд афæдзы райдайæн æмæ-иу адӕм зæронд азæй сæхи сыгъдæг кодтой. Ацы дины архайд та хуынд «Фебруарий» — сыгъдæггæнæн. Уымæ гæсгæ фæзынд мæйы ном — февраль.

Ирон адæм та йæ зонынц ӕртхъирæны мæйæ. Цæмæн афтӕ хуыйны, уый тыххӕй ис сæрмагонд таурæгъ.

📄 Кæддæр, дам, февралы фæстаг бон фыййау бацин кодта, зымæг кæй фӕвӕййы ӕмӕ йæ фосæн æххормагæй фесæфынæй тас кæй нал у, ууыл. Миты бын цъæнут дæр хæрдзысты, зæгъгæ. Æмæ йӕ уадындзӕй ныццагъта. Уый февралмæ хъыг фæкаст, нæ тæрсы, зæгъгæ. Æмæ йæм бартхъирæн кодта, фæлæ йын йæ бон ницыуал уыд — йæ рæстæг фæци. Уæд мартъийӕн балӕгъстӕ кодта, æртæ боны дзы ракуырдта фыййауæй йæ маст райсынæн — æз, дам, ын йæ фос æххормагæй аскъуынон.

Мартъи сразы… Уыцы æртæ боны ахæм хъызт-тымыгъ скодта, æмæ йæ фындз дæр æддæмæ ничи дардта. Фыййау æрхъуыдыджын разынд: хæлын дзæкъулы гæды нывæрдта æмæ йæ фосдарæн скъæты бæрзонд сауыгъта. Гæды иудадзыг архайдта дзæкъулæй раирвæзыныл æмæ, хæлыны хыбар-хыбурæй тæрсгæйæ, фос æртæ æхсæв-боны сынæр не сцагътой æмæ нæ сæххормаг сты. Афтæмæй аирвæзтысты.

▫️Февраль кæронмæ куы фæцæйхæццæ кæны, афтæ адæм уалдзæджы комулæфт банкъарынц. Ахӕм ныхас дӕр ма баззад: «Зымæгæн йæ хъару фæци — цигайнаг йæ кæрц уæймæ рахаста».

▫️Æртхъирæны мæй ма ирон адæм хонынц комахсæны æмæ фæндагкъулгæнæн мæй дæр. Ном «комахсæн» у динимæ баст, фæндагкъулгæнæн та амоны, хæхбæсты бирæ мит кæм уарыд, уым фæндæгтæ акæныны рæстæг.

#мӕйты_нӕмттӕ

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM

tgoop.com/ironsapa/2863
Create:
Last Update:

BY СапÆ

Share with your friend now:
tgoop.com/ironsapa/2863

View MORE
Open in Telegram

Telegram News

Date: |

The imprisonment came as Telegram said it was "surprised" by claims that privacy commissioner Ada Chung Lai-ling is seeking to block the messaging app due to doxxing content targeting police and politicians. The creator of the channel becomes its administrator by default. If you need help managing your channel, you can add more administrators from your subscriber base. You can provide each admin with limited or full rights to manage the channel. For example, you can allow an administrator to publish and edit content while withholding the right to add new subscribers. Write your hashtags in the language of your target audience. Image: Telegram. A Telegram channel is used for various purposes, from sharing helpful content to implementing a business strategy. In addition, you can use your channel to build and improve your company image, boost your sales, make profits, enhance customer loyalty, and more.
from us

Telegram СапÆ
FROM American